Акционерон æхсæнад «Россети Северный Кавказ»-ы дæлхайад «Севкавказэнерго»-йæн финансон зæрдæдарæнтæ бавдисыныл чи не сразы, нæ республикæйы Арбитражон тæрхондон уыцы муниципалон куыстуат «Оазис» фæивар кодта 100 мин сомæй.
Ацы азы райдайæны онг амынд куыстуат донæй Мæздæджы районы къорд цæрæнбынаты ифтонгадæн фадæттæ арæзта. Ацы азы 1 июны «Оазис» фæлхасгонд электрон тыхы тыххæй энергокомпанийæ дардта 5 милуан сомы бæрц хæс.
Бадзырдон хæстæ цалдæр хатты хæлд кæй æрцыдысты, уый нымайгæйæ, «Россети Северный Кавказ» коммуналон куыстуатæй бадомдта финансон зæрдæдарæнтæ бавдисын (афтæ амоны УФ-йы Хицауады уынаффæ №442). Æххæстгонд кæй домæнтæ не ’рцыдысты, уыцы энергетиктæ «Ростехнадзор»-мæ бахъаст кодтой. Муниципалон куыстуат «Оазис» закъон кæй фехæлдта, уый рахатæг цæстдарæг оргæн административон барадхæлды тыххæй суагъæ сарæзта æмæ йæ барвыста тæрхондонмæ.
Цæгат Ирыстоны Арбитражон тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, муниципалон куыстуат «Оазис» нымад æрцыд «Административон барадхæлдтыты тыххæй» кодексы 14.61-æм статья («Электрон тыхы аргъ бафидыны фæдыл хæстæ æххæст кæнынæн фадæтты арæзтады фидаргонд фæтк фехалын») фехалынæй аххосджыныл. Куыстуат фæивар кæныны тыххæй уынаффæ йæ закъонон тыхы бацыд.
«Россети
Северный Кавказ»-ы пресс-службæ














