Бæрнондзинад равзæрст дæсныйады

0
122

– Медицинæимæ йæхи чи сбаста, уый хъуамæ уарза адæмы æмæ равзæрст дæсныйад. Уый нæй, уæд ныууадз дæ кусæн бынат, æмæ æндæр бацагур. Нæ куыст баст у дыууæ, хатт та фылдæр – мад æмæ йæ саби, кæнæ та сабитимæ. Уыдоны бæрны бацæуын зын, фæлæ арфæйаг хъуыддаг у,– ацы ныхæстæй райдыдта йæ ныхас Дзæуджыхъæуы 2-æм арæндоны сæргълæууæг Тогойты Жаннæ нæ уацхæссæгимæ фембæлды рæстæг.

Цыппæрæм хатт æнхъæлцау сылгоймаджы æвæстиатæй арæндонмæ ‘рбахæццæ кодтой, зæрдæйы цавд ма зына-нæ зына йæ хурхуадындзтыл иртæстой, афтæмæй. Раст уыцы рæстæг æрмæджы автор снысангонд æмгъуыдмæ бахызт арæндоны сæргълæууæджы кусæнуатмæ æмæ дзы дохтырты къорды сагъæсгъуызæй куы баййæфта, уæд хорзау нал уыд: цард æмæ мæлæты ‘хсæн уæвæг дыууæ удыл цы тох цыд, уый цавæрфæнды адæймаджы дæр базмæлын кодтаид.
Сахаты фæстæ фæллад, фæлæ дыдзы рухс кæй зæрдæтæм бакаст, уыцы дыууæ дохтыримæ – Тогойты Жаннæ æмæ йæ хæдивæг Коцойты Дианæимæ ногæй фембæлдыстæм: сылгоймаджы операцийы фæстæ арæндонæй фæхæццæ кодтой Тагъд æххуысы рынчындоны реанимацион хайадмæ, баиу æм кодтой, улæфгæ кæй фæрцы фæкæнынц, уыцы аппарат. Хъыгагæн ын, сывæллоны фервæзын кæнынæн ницыуал амал уыд… Кæд алы æнхъæлцау сылгоймагмæ дæр райдайæнæй кæронмæ дохтыртæ лæмбынæг цæст дарынц, уæддæр ма стæм хатт разыны ахæмтæ дæр, бæлвырд аххосæгты тыххæй ахæм уавæрмæ чи æркæны йæхи…
Уыцы бон Коцойонæн йæ райгуырæн бон уыд, цы зæрдæимæ йæ арвыста, уый йæхицæй дарддæр ничи зоны. Арфæйы ныхæсты фæстæ, равзæрст дæсныйад цы бынат ахсы дæ царды фарстæн, зæгъгæ, радта ахæм дзуапп:
– Мæ цардыуаг у, равзæрст дæсныйадмæ уарзондзинад та мын цыфæнды зын рæстæг дæр къухтæ не ‘руадзынæн дæтты тых æмæ ныфс. Стæй фæтк, йе ‘мвæзад кæцыфæнды адæймагмæ дæр бæрзонд æвæрд хъуамæ уа. Уый нæй, уæд дзы ницы рауайдзæн дæ куысты. Æрвылбон ног адæймæгты фæзынд дунемæ хæссы стыр циндзинад, мад æмæ йæ саби цы цин хæссынц дунемæ, уымæй хайджын вæййын æз дæр. Уæд радон хатт бамбарын, мæ равзæрст фæндагыл дзæгъæлы кæй нæ цæуын, фæсмойнаг дзы кæй нæ дæн. Фæрæдийыны бар нын нæй, уымæй аразгæ у кæйдæр цард. Тæккæ абон дæр ныхас кодтон, практикæйы нæм цы студенттæ æрбацæуы, уыдонимæ. Бафарстон сæ, куыд хъуыды кæнут, æрæджы кæнын уæ цæуылнæ уадзын, цæмæ уæм фæхæцын. Сæ зæрдыл хъуамæ бадарой, фидæны уый сæ куысты сæйрагдæр хуыздæр миниуæг кæй уыдзæн. Æрæджы кæнын сæ сæрмæ куы нæ хæссой, уæд куысты мидæг дæр ахæмæй æвдисдзысты сæхи. Куыстуарзаг, моралон æмæ физикон æгъдауæй фæразон – æрмæст ахæм адæймагæй рауайдзæн хорз дохтыр, уый мæ фидарæй уырны. Фыдзæрдæ адæймаг куы уай, уæд дын хорз дохтыр суæвын нæ бантысдзæн, – зæгъы Дианæ.
Æцæгæй дæр, æрмдæсныйау, ис операци, дзæбæхгæнæн мадзæлттæ дæр бæлвырд, иттæг хорз скæнæн. Фæлæ йæм ныхасæй, моралон æгъдауæй хъуамæ фæкæсай, дохтыр удыхъæд æмæ дзырды хъармæй дæр дзæбæх кæны рынчыны. Уæдæ, мады ад бавзарынмæ чи æрбацæуы, уæлдайдæр – радон хатт, уый та йæ уæлдайджынæй хъуамæ райса. Медицинон ахуыргæнæндæттæм цæугæйæ сæ, фыццаджыдæр, уымæ гæсгæ хъуамæ æвзарой ахуырмæ исгæйæ.
– Коцойты Дианæимæ алы фæлтæртæй стæм. Афтæ куы фæзæгъынц, нæ фæсивæд мах хуызæн не сты, зæгъгæ, ахæм хъуы-
дыимæ разы нæ дæн. Алы фæлтæры дæр ис хи адæймæгтæ, стæй, чи æрбацыд, йæхи афæлтæрдта æмæ ацыд, ахæмтæ. Нæ арæндоны ралæууыд фæлтæртæ ивыны рæстæг, цыбыр æмгъуыдмæ нæ ацыдысты, æвдай азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы фæлтæрдджын дохтыртæ æмæ акушеркæтæ. Царды æцæгдзинад уыд уый, сæ рæстæджы равзæрстой ацы дæсныйад, дæсгай азты дзы уæхск-
уæзæй фæкуыстой. Æппæт дæр уыд сæ куысты, фæлæ йыл комдзог никуы рацыдысты, сæ зæрдæ йыл нæ сивтой. Ног фæлтæр, чи зоны, уый раст у, алы рæтты фæлтæрынц сæхи. Бæрнондзинадыл та сæ хъуамæ мах ахуыр кæнæм. Уайгæ дæр нын кæны, науæд нæ кусæндæттæ сафтид уаиккой. Алы куыст дæр бæрнон у, мах архайд та уæлдай бæрнондзинад домы, уæлдай хæс ныл ис æвæрд. Канд юридикон æгъдауæй нæ дæттыс дзуапп, дæхи уды моралон уавæр дæр хъуыдыйаг у алкæмæн дæр. Исты раст куы нæ бакæнай, уæд тынг зын вæййы. Медицинон дæсныйад æвзаргæйæ, хъуамæ арф ныхъхъуыды кæнай, сарæхсдзынæ дзы кусын, æви нæ, – йæ ахаст равзæрст дæсныйадмæ æргом кæны арæндоны сæргълæууæг.
Дохтыры хæс у, æмбарынгæнæн куыст кæнын, сабийы фæзындмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн. Нæ бацыдмæ арæндоны цы цау æрцыд, уый уымæн æвдисæн. Алы медицинон кусæндонæн дæр интернеты ис йæхи сайт, лæвæрд дзы цæуы ахсджиаг информаци. Нæ абоны царды æнхъæлцау сылгоймæгтæн ис хорз гæнæнтæ, цæмæй сын дохтыртæ се ‘нæниздзинадмæ цæст дарой. Фæлæ интернетмæ бахизгæйæ, кæмæнфæнды дæр ис фадат, йæхимæ цавæрдæр низыхатт ссарын, йæхицæн дзæбæхгæнæн мадзæлттæ бацагурын, хостæ дæр интернеты самал кæнын, кæнæ афтечы балхæнын æмæ сæ, хъæуа, нæ хъæуайæ, хи дзæбæх кæнынмæ бавналын. Иннæмæй та, сарæх сты, медицинæмæ æппындæр бар чи нæ дары, ахæм хосгæнджытæ. Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады уæрæсейаг фæсдипломон ахуыры медакадемийы, акушерство æмæ гинекологийы хайады ахуыргæнæг, медицинон наукæты кандидат Созайты Ларисæ нын катайгæнгæйæ радзырдта:
– Интернетæй бынтон разы нæ дæн, уымæн æмæ дзы цы зонындзинæдтæ райсæн ис, уыдоны нæуæдз проценты пациенты нæ хъæуынц, дохтыримæ ныхмæлæуддзинадмæ цы кæнынц, æндæр. Китайы, Кубæйы, Англисы, Латинаг Амырычы къорд паддзахады рахызтысты Советон Цæдисы рæстæг Семашкойы системæмæ. Англисы цæры æмæ кусы ме ‘мкурсон, æмæ, куыд зæгъы, афтæмæй сæ зæрды ис, уырыссаг ахуыргонды системæйы нæуæдз процентæй пайда кæнынмæ рахизын. Профилактикон мадзæлттæ сылгоймæгты консультацийæ райдайынц. Мæ зæрдæмæ нæ цæуы хосты рекламæ. Цыфæнды куы уа, уæддæр хос у хос. Рекламæ сæ тыххæй хъары, пациенттæ дзæбæх кæнын райдайынц сæхи, райхалинаг фарстатæ сæм куы фæзынынц, уæд та махмæ æрбацæуынц. Афтæ хъуамæ ма уа! – уый у ахуыргонд акушергинеколоджы хъуыды.
Æрмæг мыхуырмæ куыд цæттæ кодтам, афтæ нæм Тагъд æххуысы клиникон рынчындонæй фехъусын кодтой, йæ уавæр нывыл кæй у, Дзæуджыхъæуы арæндонæй реанимацион хайадмæ цы сылгоймаджы раивтой, уыцы æртæ сабийы мадæн. Йæхимæ ‘рцыд æмæ йæ палатæмæ раивтой.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here