«Адæмæн зæхх у сæ дарæг»… Фыста Иры номдзыд поэт Хетæгкаты Къоста. Зæххы æмæ фосы куыст рагæй-æрæгмæ дæр уыдысты ирон адæмæн сæ царды сæйрагдæр фæрæзтæ. Сæ уд æмæ зонды хорзæхтæй æрдзы миниуджытæм, афæдзы афонтæм гæсгæ æмæ йæм, аудæг цæстæй кæсгæйæ, архайдтой хор æмæ фосы бæркад фылдæр кæныныл. Уымæй та Хуыцау æмæ зæдты ном арын, æгъдау æмæ уагыл уазæг уа, хион, сыхаджы фæхынцын.
Фыдæлты фарн æмæ æгъдау, зонд æмæ уды хорзæхтæй уæлдайджынтæй хайджын чи уыд, зæххыл рæстаг фæллойы уаг йæ царды арфæйаг уаргъæн чи райста, æмæ йæ хъысмæты уæззау, фæлæ сыгъдæгзæрдæ фæллой æмæ арæхстдзинадимæ чи фæхаста, уыцы зондджын æмæ фендджын хистæртæй иу уыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы сгуыхт зоотехник, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Æчеты Захар.
Хъæууон хæдзарады, фосдарынады къабазы дæсны Æчеты Захар райгуырд 1911 азы 1 августы Цæгат Ирыстоны Мæздæджы районы Черноярскийы станицæйы. Йæ фыд Дмитрий (Сандро) уыд Терчы хъазахъхъаг æфсады уæнгтæй иу. Хорз зыдта зæххы æмæ фосы куыст, хъæдæрмæг æмæ дуримæ архайды сусæгдзинæдтæ, фыдæлты царды æгъдæуттæ, адæмон сфæлдыстад. Йæ бинойнаг Габеон Ольгæ дæр уыд уæздан æмæ хæдзардзин, бæркадарм, æгъдауджын, намысджын сылгоймаг.
Сыгъдæгзæрдæ цæнгвæллой, ахуыр æмæ уæздандзинады уаджы миниуджытæ йæ хистæртæм уынгæйæ, уæзданæй рæзт Захар дæр. Куы фембаргæ, уæд 1929 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Новоосетинскаяйы станицæйы Зæхкусæг фæсивæды авдазон скъоламæ. Уый фæстæ та йæ йæ ахуырмæ тырнындзинады фæндæгтæ ахуыдтой горæт Пятигорскмæ хæстæг поселок Иноземцевойы кусæг факультетмæ. Ам райдыдта хъæууон хæдзарады архайды сусæгдзинæдтæ хуыздæр базоныныл зæрдиагæй архайын. Ацы ахуырадон артдзæст æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд йæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ акодта совхоз «Терк»-ы. Уыд дзы статистик.
Ацы хæдзарады кусгæйæ, Захар арфдæр æмæ хуыздæр æнкъарын райдыдта, зæхх æмæ фосы куысты ахадындзинад адæмы социалон царды тынг ахсджиаг кæй у, уый. Уыцы хъуыдыимæ бацыд уæлдæр ахуырад райсынмæ Ленинграды хъæууонхæдзарадон паддзахадон институты æхсырдæттæг фосдарынады факультетмæ. 1938 азы йæ æнтыстджынæй каст фæци. Кусынмæ йæ арвыстой Новосибирскы облæсты совхоз «Шахтер»-мæ. Дыууæ азы дзы бакуыста зоотехникæй. Йæ архайд дзы уыд фæзминаг æмæ бæстон.
Фосдарынады къабазы дæсны Æчеты Захары зонд æмæ профессион арæхстдзинадæн хорз аргъ кодтой хъæууон хæдзарады къабазы бæрнон кусджытæ. 1940 азы йæ цæрæн бынат раивта Дзæуджыхъæумæ. Ам куыста Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады фарстатæ иртасæг зонадон институты. Афæдзы фæстæ йæ раивтой Цæгат Ирыстоны АССР-йы зæххыты Адæмон комиссарадмæ сæйраг зоотехникæй. Бантыст ын, холлæгтæ цæттæгæнæг механизацигонд системæйы куыст бæлвырддæр æмæ рæвдздæр чи кодта, ахæм аппарат æрхъуыды кæнын.
Дæсны æмæ арæхстджын зоотехник Æчеты Захары профессион зонындзинæдтæ хорзæй сахадыдтой Цæгат Ирыстоны АССР-йы паддзахадон цæстдарды оргæны æмæ Рахизфарсы районы хъæууон хæдзарады управленийы æнтыстджын архайдыл.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты советон æфсады Стыр Уæлахизмæ дæр йæ профессион бирæвæрсыг цæттæдзинадæй Захар аккаг æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд майдан «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй».
Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады фосдарынады къабазы арæхстджын кусæг Æчеты Захар йæ цардæй ахицæн 1969 азы 13 апрелы. Кадджынæй йæ бавæрдтой горæт Беслæны уæлмæрды.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, нæ республикæйы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг Æчеты Захар æмæ йæ бинойнаг, заманхъуйлаг Сидахъаты Розæимæ схъомыл кодтой æртæ фæзминаг æмæ хæрзæгъдауджын кæстæры. Хистæр фырт – Валери йæ царды равзæрста йæ фыды дæсныйад. Бирæ азты фæкуыста нæ республикæйы хъæууон хæдзарады куыстуæтты. Иннæ лæппу – Витали у дæсны зæрингуырд. Чызг – Иринæ (зындгонд скульптор, РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг Дзанайты Русланы бинойнаг) æнтыстджынæй каст фæци Дзæуджыхъæуы медицинон училищæ. Бирæ азты фæкуыста медицинон хойæ Дзæуджыхъæуы поликлиникæты.
Рæстаг фæллой æмæ рæсугъд æгъдау, адæмы уарзондзинадæй хайджын уыд Æчеты Захары фæлмæн æмæ æнкъараг зæрдæ. Хорз æй чи зыдта, уыцы хиуæттæ, хæстæджытæ æмæ æмкусджытæ йæ абон дæр хæрзуд æмæ рæстагæй мысынц. Уый та у, йæ цыбыр царды, йæ ном æмæ хорз хъуыддæгтæй æцæг лæджы фарны фæд кæй ныууагъта, æмæ йæ рухс абон дæр кæй нæ бамынæг, уыцы уаз нысаныл дзурæг…
Гасанты Валери














