Фембæлд – доныбынты цæуæг нау «Владикавказ»-ы экипажимæ

0
137

Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд хуыцаубоны Уæрæсе радон хатт сбæрæг кодта бæстæйы Æфсæддон-денджызон флоты бон. Кольскы флотилийы доныбынты цæуæг нау «Владикавказ»-ы экипажмæ уыцы бон фæхæццæ сты зæрдиаг салæмттæ Цæгат Ирыстонæй.

Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты ахсджиагдæр дæлхайæдтæй иу у Цæгатаг флот. Уыцы æфсæддон дæлхайады сконды йæ хъахъхъæнынадон хæстæ æххæст кæны доныбынты цæуæг нау «Владикавказ»-ы экипаж. Науы службæгæнджытæн рагон хæлар ахастдзинæдтæ ис Цæгат Ирыстонимæ, экипажы минæвæрттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты Дзæуджыхъæуы, нæ республикæйы делегацитæ та уазæгиуат кодтой горæт Полярныйы (уым æрбынæттон Цæгатаг флоты Кольскы флотилийы сæйраг базæ).

Æфсæддон морякты бæрæгбон ацы хатт дæр цæгатирыстойнæгтæй рохуаты нæ баззад. Горæт Полярный хуыцаубоны бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты делегаци. Ирыстойнаг уазджытæн сæрмагонд фембæлдтытæ уыд Кольскы флотилийы командæгæнæджы хæдивæг Игорь Сидоров æмæ нау «Владикавказ»-ы экипажимæ.

Дзæуджыхъæуы Ирыс-тойнаг æмæ Промышленнон районты администрацийы разамонæг Дзотты Ацæмæз фысымтæм фæхæццæ кодта бæрæгбоны арфæтæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Дзæу-джыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеславы номæй. Уыимæ, нау «Владикавказ»-ы службæгæнджыты къорд хорзæхджынгонд æрцыд Дзæуджыхъæуы администрацийы Кады грамотæтæ æмæ Арфæйы фыстæджытæй.

Фембæлды кæронбæттæны сарæзтæуыд бæрæгбоны стыр концерт. Программæйы арха-йæг уыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Артур Халатов дæр.

Дзæуджыхъæуккаг делегацийы уæнгтæ зæрдæрухсæй сыздæхтысты Ирыстонмæ.

 

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here