Хоны сывæллæтты лагерь «Фидæн»…

0
222

Дыгургомы рæсугъддæр бынæттæй иу – Мæхческы байгом æнахъомты лагерь «Фидæн». Сывæллæтты фæлладуадзæн æмæ дзæбæхгæнæн центр æрбынæттон Мæхческы скъолайы бæстыхайы.

Сæрдыгон лагеры фыццаг уазджытæ систы 50 лæппу æмæ чызджы. Уыдон «Фидæн»-ы
арвитдзысты 18 боны. Фæсивæдæн бацæттæ кодтой хъæздыг æмæ цымыдисаг программæ. Хъомылгæнджыты разамындæй сывæллæттæн арæзт цæудзысты бæстæзонæн балцытæ, æфсæддон-патриотон хъомылады мадзæлттæ, культурон-дзыллон хиирхæфсæнтæ… Уымæй уæлдай, кæстæртæн аразынц
ахуырадон семинартæ социалон проекттæ цæттæ кæнынæй, аграрон хъуыддагæй, мультипликацийæ, æнæниз цардыуаджы бындуртæ æмæ æндæр хъуыддæгтæй.

Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй лагерь байгом фыццаградон национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы уагæвæрды фæрцы. «Фидæн» йæ куыст кæндзæн августы кæронмæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here