Физикон культурæ æмæ спорты райрæзтæн

0
164

Мæскуыйы куысты фæдыл балцы уæвгæйæ, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар
Дзанайты Барисæн уыд цалдæр фембæлды хицаудзинады федералон оргæнты разамонджытимæ. Афтæ, Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты дарддæры райрæзтыл ныхас уыд Уæрæсейы спорты министры хæдивæг Мгер Гандилянимæ.

Фембæлды архайджытæ бæстон æрдзырдтой, нысанмæ арæзт федералон программæты республикæ куыд архайы, физкультурон æмæ спортивон объектты нывыладыл куыст куыд цæуы, æппæт уыдæттыл. Уыимæ, сæрмагонд æргом здæхт æрцыд, спортивон инфраструктурæйы кусæндæтты арæзтад æмæ цалцæджы программæтæм республикæ цы объекттæ бахæссынвæнд кæны, уыдоны номхыгъдмæ. Уымæй уæлдай, бæстонгонд æрцыд, хæстæгдæр фидæны Цæгат Ирыстоны цы спортивон турниртæ æмæ æндæр ерыстæ уыдзæн, уыдоны фæтк дæр.

Ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2024 азы регионы физикон культурæ æмæ спорты къабазы райрæзты мадзæлттæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыд 490 милуан сомы бæрц. Уыцы фæрæзты фæрцы рацарæзтой спортивон инфраструктурæйы объект-тæ, балхæдтой техникон ифтонггæрзтæ, финансон æххуыс бакодтой спорты алы хуызты федерацитæ æмæ æндæр организацитæн.

– Ноджы фылдæр куыстытæ нысангонд æрцыд ацы азмæ. Зæгъæм, арæзт æрцæудзысты теннисон спорткомплекс Дзæуджыхъæуы, спортивон фæзтæ Заводы поселочы, Раздзог æмæ Притеречныйы хъæуты… Пъланты ис 2-æм спортивон скъолайы, Æрыдоны сывæллæтты спортивон скъолайы зал æмæ æндæр объектты цалцæг дæр. Уымæй уæлдай, адарддæр уыдзæн физикон культурæ æмæ спорты кусæндæттæ хъæугæ техникон фæрæзтæй ифтонг кæныныл архайд. Нæ республикæйы царды спорт стыр бынат ахсы. Уыцы æууæл зæрдыл даргæйæ, ныртæккæ сæйрагдæр у æппæт хъарутæй бакусын, цæмæй нысангонд программæтæ æмæ проекттæ афойнадыл æххæстгонд цæуой. Уыцы хъуыддаджы регионæн рæдау æххуыс кæны Уæрæсейы Спорты министрад, – бафиппайдта Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар.

Фембæлды архайдта республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here