Стыр гæртæмттæ фæиста…

0
178

Оперативон-агурæн мадзæлттæ саразгæйæ, Уæрæсейы Æдас-дзинады федералон службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы кусджытæ рабæрæг кодтой æмæ кæрон сæвæрдтой республикæйы цæрджытæй иуы æнæзакъон архайдæн.

Хъалонты федералон службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы раздæры кусæджы азымджын кæнынц, стыр гæртæмттæ кæй фæиста, уымæй.

Гуырысхойаг йæ куысты хæстæм гæсгæ бæрнон уыд, амалхъомадон компанитæ æмæ хицæн амалхъомтæ хъалонтæ фидыны тыххæй закъонæвæрынад куыд æххæст кæнынц, уымæ цæстдардыл. Слестгæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй уыцы архайды бындурыл хъалонты службæйы минæвар «æмгуыстад» рапарахат кодта бынæттон амалхъом сылгоймагимæ. Сылгоймаг дардта дукани æмæ инспекторæн рæстæгæй-рæстæгмæ фыста гæртæмттæ, цæмæй йын уый йæ
куыст ма къуылымпы кæна, хъалонтæ фидыны хъуыддаджы аиппытæм уæлæнгай цæстæй кæса. Уый фæрцы сылгоймаг йæ амалхъомадон архайд æдыхстæй кодта, кæд хъалонтæ фидыны уагæвæрд халдта, уæддæр æй хъыгдарæг нæ уыд.

Уыцы оперативон æрмæджыты бындурыл гуырысхойаджы ныхмæ УФ-йы Уголовон кодексы 290-æм статьяйы 3-æм хайы («Гæртам исын»)  арæзт æрцыд уголовон хъуыддаг.

 

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг
управленийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here