Хъæбулмæ уарзондзинад

0
172

Газеты фарсыл цалдæр хатты бакастæн мæнæ ахæм хабар. Зæронд лæг, кæнæ ус иунæгæй цæрынц. Æххуысхъуаг бæргæ сты, фæлæ æххуыс нæй. Йæ чызг æмæ фырт сахары хорз хæдзæрттæй цæрынц. Мад æмæ фыдыл нæ мæт кæнынц. Нæ фыдæлтæм ахæм æгады хабар куы нæ уыд, уæд (махмæ кæд арæх нæу), уæд куыд фæзынд?

Хуымæтæг хъæуккаг ирон бинонтæ. Мад æмæ фыд  кусынц. Аслæнбег æмæ Будзи (нæмттæ ивд сты) – ахуыр кæнынц скъолайы. Аслæнбегæн ахуыры фылдæр æнтысы. Мад æмæ фыд кæмфæнды дæр, алы æфсæнттæй, Аслæнбегæй, хъæуа-
нæхъæуа, æппæлынц. Æртæ хатты  ныййарджытимæ  ныхас кодтон. «Афтæ хъулон митæ кæнæн нæй. Лæппуйы фехалдзыстут». Ской дæр мæ не суагътой. «Ды кæй зæгъыс, уыдон ницы ныхæстæ сты. Дæхицæн зон». Ахуыргæнджытæ ацы хъуыддагæй пайда кæнын райдыдтой. Мад æмæ фыды цур-иу исты ’фсон ссардтой æппæлынæн. Лæппу  арæхстджын цы хъуыддаджы нæ уыд, уым дæр-иу æй сæйраг архайæгæй авæрдтой æмæ та – æппæлгæ. Цыфæнды тар бон дæр-иу мад æмæ фыдыл хур уæд ракаст. Аслæнбег уæлдæр скъола  каст фæци. Мæскуымæ кусынмæ ацыд. Мæймæ йæ цард сарæзта. Хъæздыг æхсинмæ мидæгмоймæ бацыд. Уыцы рæстæг скъоламæ æрцыд бардзырд: хуыздæр рауагъдонтæй скæнут стенд. Ахуыргæнджытæ æмхуызонæй стенд ацæттæ кодтой. Районæй инспектор æрцыд. Бадис кодта, – иу къамæй стенд?! – Йæ фарсмæ йын кæй сæвæрæм, дыккаг ахæм нæ хъæуы нæй! – уыд сæ дзуапп. Фондз азы Аслæнбег сæрбæрзондæй стендæй фæкаст. Министрадæй та æрцыд инспектор, зæронд стенд рафтыдта æмæ йæ йæхæдæг  пъадвалмæ ныххаста. «Уæ хæрзтæ æртæ куы бауой, уæд-иу æй æрцауындзут. Афтæмæй ма йæ куы æрæййафон, алывыдтæ уын ныккалдзынæн». Стенд абон дæр пъадвалы лæууы. Цалдæр азы фæстæ Будзи дæр Мæскуымæ ацыд. Мæ хъæздыг æфсымæрмæ уал ацæрдзынæн. Куыстæй дæр мын аххуыс кæндзæн, зæгъгæ. «Ардæм мæ ныфсæй мачи цæуæд!» – уыцы ныхæстимæ йыл дуар рахгæдта. Будзи фатер баххуырста. Куыст дæр ссардта. Цалдæр азы фæстæ йæ æххуыс бахъуыд. Бацыд æфсымæрмæ. «Мæн дæумæ не ’вдæлы!» Уыцы ныхæс-тимæ та йæ афæндараст кодта. Сæ сыхаг чызг
Мæскуыйы дохтырæй кусы. Бацыд уымæ: «Нæ мын баххуыс кæндзынæ?» «Ау, мæ хъæуккаг,  мæ сыхагæй хуыздæр кæмæн баххуыс кæндзынæн?» Йæ хъуыддæгтæ йын сарæзта, суанг академик цы операци скодта, уый дæр ын срæвдз кодта. «Куыд  дæ, ме ’фсымæр?» – йæ хистæр мадызæнæг  æй афтæ телефонæй дæр нæма бафарста. Мад æмæ фыд Мæскуымæ куы ныццæуынц, уæд сын сæ фырты хæдзары  бынат нæй. Уазæгуаты æрцæрынц. Ныр хъуыддаг сæ зæрдæмæ нал цæуы. Æз Аслæнбеджы нæ раст кæнын. Уæлдæр ахуырад куы райсай, уæд, зонындзинæдтæй уæлдай, царды фæзилæнты дæр исты æмбарын хъæуы. Фæлæ ам сæйраг аххосджынтæ сты мад æмæ фыд. Адон сæ бинонты царды уаг куыд сæвæрдтой, афтæмæй дзы æндæр кæронбæттæнæн  бынат нæ уыд.

Иу рæстæг мæм нæ сыхаг ус æрбацыд.  Райсом мæ лæппу фыццæгæм къласмæ бацæудзæн. Йе ‘ртæ кæрдзыны мын акув, зæгъгæ. Скуывтон сæ зæрдиагæй, æртæ арахъхъы дæр дзы банызтон. Уыцы рæстæгмæ æфсин дыууæ чындзæн сæ хызынтæ цæттæ кæны. Къæбицы цы ис, – ницæуыл ауæр-ды. Фæстагмæ рахаста
уырыдзытæ. Къæйттæй сæ исы. Иуæн дзы къай нал уыд. Дыууæ дихы йæ фæкодта æмæ сæ хызынты ныппæрста. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр –
уырыдзы. Цæмæн æй хъуыд дих кæнын? «Уырыдзы ницы у, фæлæ зæрдæ скъахыны фаг у. Алцы дæр æмхуызон», – загъта æфсин. Дыууæ фырты горæты хицæн хæдзæрттæй æмæ бинонтæй цæрынц. Кæрæдзийæн æххуыс кæнынц. Дыууæ файнусты кæрæдзиимæ – уарзон хоты хуызæн. Уыцы хуызы цæрынц сæ кæстæртæ  дæр. Ам мад æмæ фыд хорз æмбæрстой царды бындур. Хъулон митæй цоты ардауыс кæрæдзиуыл.  Дæ зæронды бон цæмæй рæвдыд уай, уый тыххæй кæстæрты раст фæндагыл æвæрын, хистæрæн кад кæныныл ахуыр кæнут!

Дойаты Костя

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here