Майдан «Ирыстоны намысæн» – Абайты Аланæн

0
232

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Указæй майдан «Ирыстоны намысæн»-æй хорзæхджын æрцыд Мæскуыйы ирон æхсæнады сæрдар Абайты Алан.

Абайы-фыртæн республикæйы кадджын хæрзиуæг радтыны фæдыл курдиатимæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгмæ бахатыдысты Мæскуыйы ирон æхсæнады хистæрты советы уæнгтæ.

Ирон диаспорæйы разамонæгæн йæ хæрзиуæг радтой, Мæскуыйы, Уæрæсейы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минæварады цы фембæлд уыд, уым. Абайы-фыртæн йæ майдан зæрдиаг арфæтимæ саккаг кодта УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзасохты Тамерлан.

Йæ дзуаппон раныхасы Абайты Алан стыр бузныг загъта, Сергей Меняйло æмæ ирон æхсæнады хистæрты советы уæнгтæн, йæ архайдæн ын ахæм стыр аргъ кæй скодтой, уый тыххæй. «Мæ хъарутæ куыд амоной, афтæ дарддæр дæр архайдзынæн мæ райгуырæн Ирыстон æмæ не стыр Фыдыбæстæйы дарддæры фæрныгадыл. Ацы хæрзиуæг мыл æвæры уæлдай бæрнондзинад, дæтты мын ныфс мæ дарддæры архайды», – загъта ирон æхсæнады сæрдар.

 Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here