РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд уыд, Чернобылы атомон электростанцæйы фыдбылызы фæстиуджытæ чи иуварс кодта, уыцы ирыстойнæгты бинонтимæ. Æдзард хъæбатырты хæрзиуджытæ ныр æнустæм кадджын бынаты æвæрд уыдзысты сæ бинонтæм.
Сергей Меняйло фембæлды райдайæны куыд бафиппайдта, афтæмæй уæлдай ахсджиаг у, Чернобылы стыр фыдбылызы фæстиуджытæ чи иуварс кодта, уыцы адæмы удуæлдайдзинад æмæ лæгдзинады хабæрттæ зæрдыл дарын æмæ сæ рæзгæ фæлтæртæм фæхæццæ кæнын.
– Не ’мбæстæгтæй бирæтæ, се ’нæниздзинад æмæ цардæн тасдзинад ницæмæ даргæйæ, уæд балæууыдысты карз тохы радиацион фыдбылызимæ, хъазуатонæй йын иуварс кодтой йæ фæстиуджытæ. Уыцы хъæбатыртæ уæд дуне аирвæзын кодтой стыр бæллæхæй. Уыцы адæмы лæгдзинад мах алкæддæр нæ зæрдыл дардзыстæм. Уыдонæй алчидæр æнустæм баззайдзæн Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады цæвиттонæй. Æмæ абон бинонтæ «чернобылæгты» номыл цы хæрзиуджытæ райсдзысты, уыдон ма иу æвдисæн суыдзысты, сæ нæмттæ нæ бæстæйы азфысты кæй баззайдзысты, уымæн, – загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг.
Уый фæстæ залы айзæлыдысты Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указы рæнхъытæ. Уыцы уынаффæйæ, Чернобылы атомон станцæйы фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæнгæйæ, лæгдзинад æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыдысты: Лæгдзинады орденæй – Хуыцъистаты Хъазыбег; «Мæлæтæй тæссаг кæмæн уыд, уыдоны ирвæзын кæныны тыххæй» майданæй – Чихтисты Рахим. Хъазыбеджы хæрзиуæг райста йæ чызг Зæлинæ, Рахимы майдан та – йе ’фсымæр Руслан.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Чернобылы атомон станцæйы срæмыгъд æрцыд 1986 азы 26 апрелы. Уый ссис, æвирхъау радиацион фæд чи ныууагъта æмæ адæмы бирæ зиантæ чи расайдта, XX-æм æнусы уыцы стырдæр техногенон фыдбылызтæй иу. Уыцы цаутимæ бастæй æрвылаз 26 апрелы бæрæггонд цæуы Радиацион фыдбылызты фæстиуджытæ иуварсгæнджытæн кадгæнæн æмæ ахæм бæллæхты фæмардуæвæг адæмы номарæн дунеон бон.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














