2008 азы 7-æй 8-æм августмæ ‘хсæв Гуырдзыйы националисттæ сæ хотыхджын ныббырстæй хъавыдысты Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадмæ тырнындзинад æд уидагæй сыскъуынын. Реактивон системæ «Град»-æй нызгъæлдтой сæ сармадзантæ Цхинвалыл, фыццагдæр сыл сæмбæлдысты уæрæсейаг сабырдзинад тауæг тыхтæ. Уыдон 1992 азæй хъахъхъæдтой хуссайраг ирæтты сабыр цард.
Уыцы хъизæмайраг бонтæ æрбангом кодтой ирон адæмы, рабæрæг сæ иудзинад æмæ быхсондзинад. Хуссар Ирыстонæй лыгъд адæмыл æмбæлдысты æмæ сæ æрвыстой æдас ранмæ – Цæгат Ирыстонмæ. Ам æмбырд кодтой гуманитарон æххуыс æмæ йæ хæццæ кодтой, пиллон арты чи сыгъд, уыцы хуссармæ. Бархион къордтæ иу иннæйы фæдыл цыдысты се ‘фсымæртæн æххуысмæ. Лыгъд адæмы рæстæгмæ æрбынат кодтой Алайнаг сылгоймæгты моладзандоны, стæй æндæр рæтты.
Фæсхох та хæрз æрыгон лæппутæ дыууæ боны хъæддых лæууыдысты хотыхджын æфсады ныхмæ, фыццаг ныббырстæй нæ бауагътой знаджы Цхинвалмæ. Фæлæ сæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты, æмæ знаг, танктимæ ныббырсгæйæ, бацахста горæты иуæй-иу хæйттæ. Ногæй-ногмæ зæрдыл
æрлæууынц, цы рæстæг æркодта адæмыл, куыд æнæбастгæ æмæ хъæбатыр разындысты, уыцы цаутæ.
Саударæн мадзæлттæ республикæйы райдыдтой знон, 7 августы мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстон хъахъхъæнджыты» къамты равдыст «08.08.08. – 08.08.25»-æй. Равæрдтой дзы тугуарæн бонты цаутæ æвдисæг нывтæ æмæ сæ архайджыты къамтæ. Абон райсомæй республикæйы аргъуанты ацыдысты, гуырдзиаг националисттимæ тохы чи бацарæфтыд, уыдоны номыл аргъуыдтæ.
Мысæн бонты официалон хай уыд, Хуссар Ирыстон хъахъхъæнджытæ сæ цард кæм раттой, уыцы бынæтты. Дидинджытæ сæвæрдтой цыртдзæвæнтыл, ссардтой хъæбатырты рухс нæмтæ. Архайдтой дзы республикæйы разамонджытæ, министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ. Ацы изæр та Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон драмон театры æвдыст æрцæудзæн Виктор Розовы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Æнустæм цæрдзысты».
Æвддæс азы рацыд уæдæй. Абон Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад, йæ цард аразы политикæ, социалон-экономикон æмæ æддагон бастдзинады къабæзты. Йæ фарсмæ, фыццагау, ис Уæрæсе. Йе ‘ххуысæй республикæ бонæй-бонмæ кæны цардхъомдæр канд Цхинвалы нæ, фæлæ хъæуты дæр. Уæрæсейы Президенты бардзырдмæ гæсгæ, хъæууон районты социалон фарстатæ баххæст кæныны фæдыл сыл уæрст æрцыд фæйнæ милуан сомы. Фыццаг хатт йæ историйы Хуссар Ирыстоны йæхи цæттæ кæны дунеон экономикон форум «Инвестициты æрвгæрон» арвитынмæ. Сæйрагдæр йæ нысан у, хицаудзинад, бизнес æмæ инвесторты ‘хсæн ныхас ахадгæдæр цæмæй уа. Республикæйы ис гæнæнтæ, разамынды хæс та у сæ раргом кæнын.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














