Телеуынынад адæмы кæрæдзиуыл бæтты

0
179

Кæддæр 17-аздзыдæй Хуриты Батрадз йæ цард сбаста телеуынынадимæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ссæдз азæй фылдæр бавзæрста телеуынынады æппæт фæзилæнтæ, уæд уацхæссæг уыд, уæд – оператор, уæд – программæтæ амонæг. Фæлæ ныртæккæ Хурийы-фырты бæрны ис Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани «Ир», уым та æндæр домæнтæ æмæ нысантæ æвæрд сты.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, 1991 азы бавнæлдтой телеуынынад аразынмæ, фæлæ сæ авналæнтæ цыбыр уыдысты. «Æцæг хуссарирыстойнаг телеуынынад сарæзта æхсæнадон архайæг Цхуырбаты Тимур, йæхи фæрæзтæй коммерцион студи скодта. Телеуынынады фыццаг къахдзæфты ахъаззаг æххуыс истой Цæгат Ирыстон æмæ Мæскуыйæ. Информацион хабæрттæ адæммæ хъуысын райдыдтой, уымæ гæсгæ телеуынынады ахадындзинад бæрзонд у», – зæгъы Хуриты Батрадз.

Телеуынынады разамонæджы бынат йын йæ размæ сæвæрдта ноджы фылдæр æмæ ахадгæдæр хæстæ. Хуриты Батрадз æмбары, телерадиокомпани хъуамæ бавзара рæзт, ивддзинæдтæ. Йæхæдæг схъомыл журналистты бинонты ‘хсæн, йæ сабибонтæй фæстæмæ æппæт хъуыддæгтæ дæр æмбæрста, æнкъардта. Нымæцон уавæрты компанийы куыст раивын, Интернет-фæрæзтимæ ерысы уæвгæйæ йæ ссарын бахъæудзæн ногдæр фæндæттæ æмæ уынаффæтæ.

Йæ ног бынаты хъуамæ ног разамонæг телеуынынад нырыккон уавæртыл фæцалх кæна, уыцы-иу рæстæг бахъахъхъæнын хъæуы журналистикæйы традицион хъæздыгдзинæдтæ, бынæттон информацион культурæ. Хурийы-фырты хатдзæгмæ гæсгæ, хъуамæ телеуынынады куыст раива бирæкъабазджын ралæвæрдмæ, ома æрмæст телеуынынад нæ рæздзæн, фæлæ социалон хызты дæр сæ бынат уа бæлвырд.

«Нæ размæ лæууы алы адæймагмæ дæр фæхæстæгдæр  уæвыны нысан, кæмфæнды ма уæд, æрмæст æм мах хабæрттæ хъуамæ æвæстиатæй хæццæ кæнæм. Æз райдыдтон хабæрттæй, мæхæдæг куыд уынын хабæрттæ æмæ репортажты ралæвæрд, уыимæ базонгæ кодтон кусджыты. Искуыцæй хорз цæттæгонд специалист не ‘рбахондзынæ, хъуыддагмæ телеуынынады раздæры кусджыты райстон. Амонæг хъуамæ зона разныхас ныффыссын, уымæй йæ курдиатыл æфтгæ кæны», – фæбæрæг кодта телерадиокомпани «Ир»-ы разамонæг.

Уæлдай æргом аздахдзæн авторты равдыстытæм. Хурийы-фырт ногæй æркаст раздæр ист программæтæм, кæцыдæрты сног кодта. Зæгъæм, Мамытты Геннадийы авторон равдыст «Аивады балц» фæстæмæ йæ бынат ссардта телеуынынады эфиры. Фæсивæды, ахуырдзауты, хъомылгæнæндæтты тыххæй равдыстытæ дæр тагъд сфидауын кæндзысты эфир. Уæлдай æргом аздахын хъавы Хуриты Батрадз интеллектуалон конкурстæм, брейн-рингтæм, музыкалон, спортивон равдыстытæм.

Телерадиокомпани «Ир»-ы разамонæг куыд дзуры, афтæмæй сæ зæрды ис телевизормæ кæсæджы экраны цурмæ æрбахонын. Иу рæстæг техникон къуылымпыты аххосæй экранæй фæиппæрд сты. Телеуынынад адæмы кæрæдзиуыл бæтты. Йæ зæрдæ дары республикæйы разамындыл, компанийы бахъæудзæн ног компьютертæ. Хихъом уæвынмæ дæр тырны, «… алцæмæй паддзахадмæ кæсын бынтон раст нæу», – зæгъы Хуриты Батрадз.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Интернет-фæрæзты фидæны тыххæй зын дзурæн у, фæлæ телеуынынадыл дæр æмæ Интернет-фæрæзтыл дæр мæт кæнын хъæуы. «Нæ республикæйы цæрджытæ политикон афæлгæстытæ уарзынц, фæлæ нырма политологтæ æмæ эксперттæ нæма ссардтам. Уæдма та нæ зæрды ис политикон фарстатæ цæлхæмбырдтæм хæссын, уым сыл дзурын. Æнæмæнг, кусдзыстæм дарддæр Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы телеканалтимæ», – ахæм уыд Хуриты Батрадзы хатдзæг.

Биазырты Мæдинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here