Дунеон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы дарддæр архайд цæуы номарæн экспозицитæ саразыныл. Уыцы куысты фæтк бынаты сбæлвырд кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис.
Фарстайыл бæрнон ведомствæтæ æмæ «Бæслæны мадæлты» комитеты минæвæрттимæ Дзанайты Барис æрзылд центры бæстыхæйттыл. Подрядон организацийы специалисттимæ бынаты ногæй æркастæуыд, номарæн экспозициты æрмæджытæ цас цæттæ сты æмæ цавæр фæткыл монтажгонд æрцæудзысты, уымæ. Центры цалдæр бæстыхайы ныридæгæн райдыдтой техникон ифтонггæрзтæ æвæрын, иннæ фæзуæтты та кæронмæ фæхæццæ кæнынц цалцæггæнæн куыстытæ…
Бынаты чи кусы, уыцы специалистты размæ æвæрд æрцыд бæлвырд нысан: хъуамæ æппæтвæрсыгæй равдисой 2004 азы 1-3 сентябры цауты хронологи, фыдбылызы бахауæг адæмы мысинæгтæ æмæ раздæры амынæтты дарддæры хъысмæты тыххæй æрмæджытæ…
Инспекцион къорды минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй æппæт нысангонд куыстытæ дæр цæуынц афойнадыл. Экспозицитæй уæлдай, центры æрбынæттон уыдзысты кусæнуæттæ, бирæкъабазджын зал, æндæр бæстыхæйттæ. «Ацы вазыгджын объектыл нысангонд куыстыты фыццаг къæпхæн хъуамæ ахицæн уа 2025 азы 1 сентябрмæ. Центры экспозицитæ сфæлгонц кæнын æмæ æппæт бæстыхæйтты цалцæгæн 2025 æмæ 2026 азты нысангонд цæуы 250 милуан сомы бæрц», – загъта Дзанайты Барис.
КАЛМАНТЫ Аслан














