Кæддæриддæр ис раззагдæр рæнхъыты…

0
119

Къаболаты лæппуйæн арв йæ фыццаг хæдзар ссис, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд уый рæдыд нæ уыдзæн. Йæ бæллицты бæллиц – хæхты бæрзæндты уæларвон маргъау тæхын… Хъæдгæроны-иу сахатгай каст арвмæ, кæд æмæ тæхæг суæвын афтæ æнцон нæу, уæддæр æй уырныдта: йæ бæллиц сæххæст уыдзæн.

Æцæгдæр афтæ рауад. Къаболаты Солтан ссис 1-æм къласы зындгонд тæхæг-куынæггæнæг, авиацийы инæлар-майор, советон æмæ уæрæсейаг хæстон командæгæнæг. Йæ фæндаг рауад даргъ æмæ уæззау, фæлæ уæддæр æвæджиауы зæрдæмæдзæугæ…1952 азы Къаболайы-фырт ахуырмæ бацыд Кременчугы училищæмæ, ахуыры фæстæ райдыдта йæ фæндаг уæларвон тыгъдадмæ.

Ссæдз азы арвыста тæхгæйæ, уыд Советон Цæдисы Гæрзифтонг тыхты уæлдæфон хъахъхъæнынады æфсæдты. 1989 азы нысангонд æрцыд Советон Цæдисы Гæрзифтонг тыхты Сæйраг хæстон уынаффæгæнæджы хæдивæгæй Сирийы. Кæд æмæ йæ вазыгджын операцитæ
хъуыд æххæст кæнын, уæддæр йæ мидбылхудт нæ сæфт йæ цæсгомæй. Кæцыфæнды уæззау хæстæм дæр кæддæриддæр цæттæ уыд Солтан, сæйрагдæр ын уыд тæхын.

Абон дæр ма, цингæнгæйæ, æрымысы хæдтæхджытæ «МИГ-15», «МИГ-17», «Як-18» æмæ иннæты. Йæ цæстытæ рухсæй айдзаг вæййынц, раст цыма мæнæ ныртæккæ федта куынæггæнæг хæдтæхæг, афтæ. Уæдæ дзы ног хæдтæхæг фæлварыны рæстæг бынтондæр нæ ферох, афтæ йæ сайдта йæ фæстæ арв. Йæхи загъдау, фыны дæр уыцы иу ныв уыны: æнæ-иу мигъ арв æй уæларвмæ хоны, сайы…

Уыцы азты Къаболаты лæппу царды уд, йæ мидис ардта тæхгæйæ, иннæ хъуыддæгтæ, нысантæ-иу кæмдæр аззадысты. Уæд уыдис æппæты хуыздæртимæ, раззагдæртимæ, æрмæстдæр дын иунæг сæрибар минут рантысæд, уæд-иу йæхи арвмæ систа. Куынæггæнæг советон хæдтæхджытыл фæтахт 14 азы, уыдоны хуызæн ссарæн нæй. Сæ тагъдад ницæимæ абардзынæ, авналæнтæ тынг бирæ. Фæлæ йын уæды рæстæджы иунæг къам дæр нæй. Къаболайы-фырт ныр æрхъуыды кæны уæды вазыгджын æмæ тæссаг операцитæ.

Фæстæмæ раздæхæн дын нæй, тæхыс æмæ тынг бæрзонд ран хæдтæхæджы мидсудзгæ змæлынгæнæг ахуыссыд, бæргæ йыл архайы, фæлæ ныхъхъус-ныссабыр хæдтæхæг. Хауын райдыдта, ногæй та йæ скусыныл архайы тæхæг… Скуыста æмæ дарддæр атахт. Йе ‘мбæлттæ кæддæриддæр дзырдтой Къаболаты Солтаны диссаджы уды сконды тыххæй, æмбæрс-
той йын йæ куырыхондзинад

Республикæйы разамынд, æхсæнадон организацитæ ацы бонты арфæтæ æрвитынц Къаболаты Солтаны номыл, йæ хадзары та йæ бинойнаг Тамарæ, сæ фырт, уый кæстæртæ æнхъæлмæ кæсынц уазджытæм. Стыр арфæтæ йæм æрбарвыстой Уæрæсейы авиатортæ, Фистæгцæуæг æфсады сæйраг командыгæнæг Владимир Чиркин æм арфæтимæ сæмбæлд. Кæд æмæ Къаболайы-фыртыл 90 азы сæххæст, уæддæр æнæмæтæй хæ-
дзары нæ бады. Кæддæриддæр ис раззагдæр рæнхъыты…

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here