Пенситæ
1 августæй фæфылдæр уыдзысты сæ пенситæ, кусгæ чи кæны, уыцы пенсиисджытæн.
Ныхас цæуы, 2024 азы чи куыста æмæ афæдзы дæргъы йæ куыстдæттæг социалон фондмæ фæдзæхстадон фиддонтæ кæмæн æрвыста, уыдоныл. Сæ пенситæ сын социалон фонд ногæй банымайдзæн. Уыимæ, алы пенсиисæгæн дæр йæ уæлæмхасæн бафыст уыдзæн хицæн. Æппынфылдæр пенситыл бафтдзæн æртæ пенсион коэффициенты, кæнæ та 437,07 сомы (иу пенсион коэффициенты аргъ у 145, 69 сомы).
Сывæллæтты æдасæй ласынæн
Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады ног домæнтæм гæсгæ, гыццыл сывæллæтты ласынæн машинæты хъуамæ уа сæрмагонд уромæн системæ.
Ныхас цæуы сывæллонæн сæрмагонд бадæныл, машинæйы æвæргæ авдæныл кæнæ, «бустер» кæй хонынц, ахæм бадæныл. Алыхуызон рæттæ, фидаргæнæнтæ æмæ, ныртæккæ кæмæй пайда кæнынц, æмæ тасгæ чи кæны, ахæм уромæн фæрæзтæ сывæллæтты æдасдзинадæн ахъазгæнæгыл нымад нал сты.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: машинæйæ сывæллæтты ласыны æдасдзинады домæнтæ халыны тыххæй шофыртæ иваргонд цæуынц æртæ мин сомæй (УФ-йы Административон барадхæлдтыты кодексы 12.23 статьяйы 3 хаймæ гæсгæ).
Скъоладзауты æнцондзинадæн
Августы фыццаг бонæй йæ тыхы цы ГОСТ бацыд, уым бæлвырдгонд цæуынц скъоладзауты хызынты тыххæй ног домæнтæ.
Афтæ, кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн сæ хызынты уæз 700 граммæй фылдæр хъуамæ ма уа, хистæркъласонтæн та – иу килограммæй. Уый – афтид хызыны уæз.
Изæрдалынджы дæр хызынтæ цæмæй бæрæг дарой, уый тыххæй сæ фæрстыл æмæ се уæхсчыты рæттыл хъуамæ уой, талынджы чи æрттивы, ахæм бæрæггæнæнтæ. Хызыны кæрæттæ цыргъ хъуамæ ма уой. Кæстæркъласонтæн сæ уæхсчытыл даргæ хызынты рæттæн сæ дæргъ хъуамæ уа 60-70 сантиметры, сæ уæрх та – 2-4 сантиметры.
… стæй сæ ног уæлæдарæс дæр
Ацы азы дыккаг æмбисæй йæ тыхы бацыд, скъоладзауты уæлæдарæсæн иумæйаг уаг чи дæтты, паддзахадон ахæм стандарт. Документ йæ тыхы бацыд июлæй.
Ног домæнтæм гæсгæ, скъоладзауы формæ хъуамæ уа æнцондарæн бадынæн дæр, змæлынæн дæр, бакастæй та – аив, рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ. Закъонмæ гæсгæ чи не ‘мбæлы, ахæм нысантæ йыл хъуамæ ма уа. Æмбæлы, паддзахадон æмæ патриотон æнкъарæнтæ æвзæрæг нысантæ йыл цæмæй уа, уый.
Æфсæддонтæ æмæ сæ бинонтæн
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн сæ царды уавæртæ фæрогдæр кæнынæн паддзахад цы бирæ алыхуызон мадзæлттæ аразы, уыдоныл афæдзы дыккаг æмбисæй бафтыд ноджыдæр ма иу зæрдæдарæн.
Иуæй-иу юридикон хъуыддæгтæ аразгæйæ (зæгъæм, искæмæй сын, мыййаг, бынтæ кæд баззад, уæд уый тыххæй сæрмагонд гæххæтт саразыны тыххæй, ныййарæг кæй у, уый сбæлвырд кæныны кæнæ хæстæгдзинады æууæл сфидар кæныны тыххæй) сын пошлинæ фидын нал хъæудзæн.
Сæ уавæр сын фæрогдæр кæндзысты
Ахæстоны фæбадыны уынаффæ тæрхондон кæмæн рахаста, уыцы адæмы иуæй-иу къордтæн фæлæмæгъдæр кæндзысты уыцы уынаффæ йæ тыхы бацæуыны хъуыддаг.
Ныхас цæуы, зæгъæм, æнхъæлцау сылгоймæгтыл, 14 азы онг сывæллæттæ кæмæн ис, ахæм мадæлтыл, бинонтæн сæ иунæг дарæг чи у, ахæм нæлгоймæгтыл. Уыдонæн сæ уавæр фæлæмæгъдæр кæндзысты, тæрхондоны уынаффæ сæххæст кæныны æмгъуыд фæфæстæдæр кæнгæйæ. Уыцы хъуыддаг йæ тыхы уыдзæн, ног фыдракæнд куы нæ сарæзтæуа, æрмæстдæр уæд.














