Сергей Викторы фырт Щетинин – Уæрæсейы сгуыхт ирвæзынгæнæг, архайдта адæмы сæ тыхст уавæрæй фервæзын кæныны 500 операцийæ фылдæры. Сири, Донбасс, Хъырым, Дард Скæсæн, Цæцæн, Сомих, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон – алы ран дæр удуæлдайæ архайдта, бынаты цы адæм ис, уыдоны стыр бæллæхæй ракæныныл. Ирвæзынгæнджытæн канд сæ разæй нæ цыд, фæлæ разамынд лæвæрдта æмæ дæтты къордæн.
– Æндæр адæймаджы аирвæзын кæныны тыххæй хиуыл нæ ауæрды адæймаг йæхæдæг дæр, нæ йыл ауæрдынц, абон сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдон дæр. Уый тыххæй, цæмæй Уæрæсейы алцыдæр фаг уа: паддзахад мах у, мах та паддзахады стæм. Социалон æнæмсæрад ис не ‘хсæнады, æмæ уый сагъæсы ‘фтауы, – зæгъы Сергей.
Не ‘рмæджы хъайтар æвæллайгæйæ кусы, фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæнгæйæ, ирвæзынгæнджытæ цы фæрæзтæй пайда кæнынц, уыдоны технологитæ хуыздæр кæныныл. Йе ‘рхъуыдыгонд ногдзинад фадат дæтты дронтæн, гæнæнтæ кæдæм нæ амонынц, уырдæм хъæугæ фæрæзтæ фæхæццæ кæнын.
– Китайы дронтæ уадзыны куыстад бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у. Хъыгагæн, рог сты, æрмæст фондз килограммы уæз у сæ бон бынатмæ фæхæццæ кæнын. Зынгсирвæзты рæстæг ирвæзынгæнæг асин æрмæст 9-12 уæладзыгмæ хæццæ кæны, уымæй уæлдæр адæймаджы тæссаг ранæй райсынæн фадат нæй. Ног технологийы фæрцы йæм фæхæццæ кæнæн ис алцыдæр, йæ уæз суанг 60-80 килограммы куы уа, уæддæр, – йæ æрхъуыдыгонд фæрæзимæ нæ зонгæ кæны Щетинин. Ныридæгæн æй фæлварынц Мæскуыйы облæсты, архайынц дзы 100 ирвæзынгæнæгмæ ‘ввахс. Уымæй уæлдай, ногдзинадæй уæрæх пайда кæнынæн фадат ис сæрмагонд æфсæддон операцийы.
Сергей Викторы фырты хъæппæрисæй дæс азы размæ арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон программæ «Дети героев». Адæмы чи ирвæзын кодта, уыцы хъæбатырты хорзæхджын кæнынæн рауагътой майдан «За мужество в спасении», æмæ сын сæ нæ бæстæйы Федерацийы Советы кадджын уавæры Уæрæсейы хъæбатыртæ бакæнынц сæ риутыл. Æрвылаз уыцы майданæй хорзæхджын æрцæуы ссæдз сывæллоны. Бирæ хæрзты бацыд адæмæн Сергей. Се ‘ппæты газеткæсджыты рæгъмæ рахæссынæн абон фадат нæй, фæстæдæр сæм раздæхдзыстæм, фæлæ æнæзæгъгæ нæй, Беслæны теракты фæстæ сабиты æрвылбоны цардмæ раздахынмæ зæрдиагæй цы хъуыддагыл бакуыста, уый тыххæй. Ссæдзгæйттæй кæм уыдысты, уыцы æртын къорды швейцайраг психологон реабилитацийы ахуыртæ ацыдысты. Уыцы фыдбонтæй сæ чи ирвæзын кодта, уыдон сæ центр «Доверия»-имæ сахуыр кодтой ирвæзынгæнæн куыстыты технологийыл. Уый тынг ахсджиаг хъуыддаг уыд, уымæн æмæ, классикон психиатрия кæмæн не ‘ххуыс кодта, уыдонæй бирæтæ ахуырты 2-3 бонмæ сæхимæ ‘рцыдысты, – зæгъы проект саразæг. Теракты уæвджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм зонындзинæдтæ сæм уыцы рæстæг куы уыдаиккой, уæд се ‘мбæлтты ирвæзын кодтаиккой.
Амондджын адæймаг хоны йæхи ирыстойнаг ирвæзынгæнæг. Ис ын уарзон куыст æмæ, йæ фæстæ кæмæ фæтырны, уыцы бинонтæ – йæ бинойнаг Къæбулты Зæлинæ æмæ дыууæ хурытыны ‘нгæс чызджы, астаздзыд Василисæ æмæ фондзаздзыд Валерия. Сæ сæр бæрзонд хæссынц, ахæм сæрыхицау æмæ фыд сын кæй ис, уымæй!
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














