Æвзæрстытæм цæттæдзинад æмæ æндæр фарстатæ

0
228

«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æмæ бынæттон дæлхайæдтæ Хъæлæс кæныны æппæтуæрæсеон бонмæ куыд цæттæ кæнынц? Партион проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц æмæ «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджытимæ æмархайд цас æнгом у? Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыд, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы секретарь Владимир ЯКУШЕВ цы видеоконференци сарæзта, уым.

Боны фæткы фарстаты фæдыл регионалон хайæдты минæвæртты дзуаппон раныхæстæм байхъусгæйæ, Владимир Якушев куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фæстаг рæстæг ахадгæ мадзæлттæ арæзт цæуы, цæмæй зынгæ фæхъомысджындæр уа партийы бæнæттон хайæдты архайд.

Уыимæ, регионалон æххæсткомтæ æмæ бынæттон хайæдтæй къаддæр домдзысты «гæххæттын» дзуаппытæ. Уый хыгъд сын æнгомдæр бастдзинæдтæ хъуамæ уа партийы фарсхæцджытæ æмæ иннæ бынæттон цæрджытимæ, цæмæй иумæйаг уынаффæйæ рæгъмæ хæссой лыггæнинаг фарстатæ æмæ сыл иумæйаг хъарутæй кусой. «Регионалон æххæсткомты æрвылбоны куысты вазыгджын у «Иугонд Уæрæсе»-йы Адæмон программæ æмæ иннæ партион проектты уагæвæрдтыл куыст дæр. Фыццаградон æргом хъуамæ здæхт уа, адæмæн уæлдай ахсджиагдæр чи у, не ’мграждæнты цардыл комкоммæ чи ахады, уыцы программæтæ æмæ проекттæм», – бацамыдта генералон советы секретарь.

Конференцийы архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой Хъæлæс кæныны æппæтуæрæсеон бон – 14 сентябрмæ цæттæ кæныны фарстатæм дæр.

«Фондз азы размæ ахæм муниципалон æмæ регионалон æвзæрстыты партийы минæвæртты къухы цы æнтыстдзинад бафтыд, уый хъæуы бахъахъхъæнын. Нысан æвæрд цæуы, цæмæй партийы кандидаттæ райсой æвзарджыты хъæлæсты 50 проценты бæрц. Ахæм бæрæггæнæн райсынæн æппæт фадæттæ дæр ис. Хъæуы йыл æрмæстдæр бæрнонæй бакусын. Уыимæ, ацы æвзæрстыты хицæндзинад у, депутаттæм кандидаттæй «Иугонд Уæрæсе» кæй бавдыста, уыцы адæмы ’хсæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ бирæ кæй ис, уый. Уыдон сентябры æвзæрстыты сæхи хъæппæрисджын æмæ æнтыстджынæй кæй равдисдзысты, ууыл дæр нæ зæрдæ дарæм», – кæронбæттæны загъта Владимир Якушев.

САНАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here