Зынгсирвæзтытæй бахизынæн

0
147

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы  разамындæй ацыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы нæ республикæйы ведомствæтæ æмæ министрадты разамонджытæ, районты сæргълæуджытæ. Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны оперативон уавæр, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ ног проекттæ царды рауадзыны фарстатыл.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег æмбырды архайджытæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы æнæнхъæлæджы цаутæ бæрæггонд не ’рцыд. Боныхъæды ахастмæ гæсгæ, хæстæгдæр бонты нæ республикæйы 43 хъæуы тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Уый тыххæй Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг хайад бахъуаджы сахат æвæстиаты мадзæлттæм цæттæ у. Ивгъуыд азтимæ абаргæйæ, ацы аз зынгсирвæзтыты нымæц 12 проценты фæфылдæр. 11 августæй 17 августмæ нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты службæ ахуыссын кодта 134 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Уыцы бæллæхтæ канд æрдзы аххосæй не ’рцæуынц, фæлæ бирæ адæм, сæ бырæттыл кæнæ, быдыры æмæ хъæды улæфгæйæ, арт кæй бандзарынц, уый тыххæй.

– Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуыны фадат ис æппæт транспортон хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 630 уæзласæн машинæйы, уыдонæй 220 – сæрмагонд бынæтты. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыйы арæныл ивгъуыд къуырийы дæргъы ахызтысты 29 мин машинæ æмæ 100 мин адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Æхсæнадон транспорты куыст нывыл кæй нæу, уый тыххæй республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрадмæ бахъаст кодтой 17 адæймаджы. Сæ фылдæр разы не сты Дзæуджыхъæуы маршрутон транспорты куыстæй. Уый тыххæй Хицауады аппаратон æмбырды фехъусын кодта министр Хъараты Тимур. Уыимæ ма, фехъусын кодта, Æрыдон, Дигора æмæ Мæздæг архайынц æнцонвадат алфамбылайы горæтаг царды хуыздæр проект саразыны Æппæтуæрæсеон конкурсы чысыл горæттæ æмæ историон бынæтты ’хсæн. Проекттæ цæмæй æххæстгонд æрцæуой, уый тыххæй сын финансон æххуыс лæвæрд цæудзæн федералон бюджетæй. Уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты Хъазаны 21 августы.

РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан радзырдта, афæдзы райдианæй нырмæ хостæ лæвæрд кæй æрцыд 145 льготон рецептмæ гæсгæ. Ноджы ма хистæр кары адæмы 59 проценты ацыдысты диспансеризаци.

Куыд зонæм, афтæмæй, дунеон центр «Беслан. Школа №1»-ы цы экспозици арæзт цæуы, уый 30 августмæ уыдзæн цæттæ. Уымæй зæрдæ бавæрдта республикæйы Культурæйы министрад.

Дзанайты Барис бæрнон ведомствæтæн бафæдзæхста зымæджы хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын, фидæны куыд ницы къуылымпытæ æрцæуа, афтæ. Ноджы ма ныхас кодта скъолаты цæттæдзинады уавæрыл æмæ сæ ифтонгадыл ног ахуыры азмæ.

Ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here