Рагон хъæумæ балцы

0
289

Æрвылаз дæр хæхтæм абалц кæнынц Географы профессион боны кадæн ЦИПУ-йы географийы факультеты рауагъдонтæ æмæ Географты æхсæнады уæнгтæ. Ацы сæрд, 18 августы агъоммæ, сæ къорд схызтис Уæллагкомы рагон хъæу Дымты цурмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ хъæу æрбынæттон денджызы æмвæзадæй 2500 метры уæлдæр.

Профессионалон географтæ уым лæмбынæг иртасæн куыст бакодтой, хæлæддзаг мæсгуытæ сцалцæг æмæ рацарæзтæн цы гæнæнтæ ис, уый фæнысан кодтой.

Фæснæлы хъæуы ис, бельгиаг кусджытæ 1893 азы кæй сарæзтой, ахæм хæххон æрзæткъахæн куыстуат.

XIX æнусы промышленнон архитектурæйы цыртдзæвæны хæлæддзæгты уавæрмæ дæр къорды архайджытæ лæмбынæг æркастысты. Бæлццæттæ æхсæвиуатæн равзæрстой, Фæснæлы згъæрыссæн фабрикæйы кусджытæн бельгиæгтæ кæй сарæзтой, уыцы зæронд хæдзар.

Ивгъуыд аз та Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдонтæ, Географы боны кадæн схызтысты Беруаты Барисы номхæссæг хохмæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here