Нывæфтыдмæ – дæсны

0
65

Æмхуызонæй стæм скъолаты рауагъдонтæ, уым нæ ахуыр кодтой æппæт зонындзинæдтыл, арæхстдзинæдтыл. Зонд нын чи амыдта, уыдоны уырныдта, нæ фидæн рæсугъд æмæ бæллиццаг кæй уыдзæн, уый. Фæнды мæ курдиатджын адæймаджы тыххæй радзурын. Уый у Алыккаты Хъазыбег, йæ дыууæ къухæй цы хъæдын дзаумæттæ саразы, уыдон нæ алкæй  дæр дисы бафтаудзысты.

Райгуырд Дзæуджыхъæуы, йæ фыд Хасан уыд инженер, йæ мад Азæ та – æхсæнадон кусæг. Йæ ныййарджытæй райста раст хъомылад, царды хæрзтæ цы сты, уый йын æмбарын кодтой. Уæдæ ирон лæгыл бирæ æнæфыст хæстæ æвæрд кæй вæййы, уый дæр раджы бамбæрста лæппу. Аргъ кæнын зоны национ культурæйæн. Сабибонты бауарзта чингуытæ кæсын, ахуыр дæр ын æнтыст. Дзæбæх ын уади нывтæ кæнын, æлыгæй конд дзаумæттæ аразын.

Рæзгæ лæппу тырныдта спортмæ, схызт дзы бæрзонд къæпхæнтæм. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд бакуыста колхозы быдырты, райста фыццаг мызд æмæ дзы йæ мадæн балхæдта сыгъзæрин къухдарæн. Йæ мад куыд бацин кодта, уый ма абон дæр æрымысы Хъазыбег. Фæсахуыр æм фæсидтысты æфсадмæ. Йæ ныййарджытæ кæрæдзийы фæстæ ацыдысты се ‘цæг дунемæ. Сæрыстыр у, раст цардвæндагыл æй кæй сæвæрдтой, уымæй.

Алыккаты Хъазыбег адæм æмæ йе ’мгæртты ’хсæн нымад у æгъдауылхæст адæймагыл. Фæллой æмæ фæллойгæнæгæн аргъ кæны. Алыккайы-фыртмæ ис бирæ æвзыгъддзинæдтæ, æнтыстытæ. Фæлæ йæхицæн равзæрста хъæдын дзаумæттæ аразыны дæсныйад, сæ бындуры ис национ тематикæ. Хъæдимæ кусын æнцон нæу, арм æй хъуамæ æнкъара, æмбара. Кæд дæм уыцы миниуджытæ сты, уæд дын бантысдзæн.

Йæ кусæн æрмадзмæ бахизгæйæ, адæймаджы улæфт фырдиссагæй иу уысым æрлæууы, йе сфæлдыстадмæ, йæ къухтæй конд мигæнæнтæ æмæ æрмæджытæм кæсгæйæ. Нæ хъуыдытæ нæ ахæссынц рагзамантæм, Нарты кадджыты архайджытæ æмæ сурæттæ ауайынц нæ цæстытыл. Хъазыбег йæ куыстыты æвдисы стыр уарзондзинад йæ Райгуырæн бæстæ – Ирыстонмæ, йæ адæммæ, йæ культурæ, традицитæ, æгъдау æмæ историмæ.

Алыккаты Хъазыбег  у сыгъзæрин, арæхстджын къухты хицау, йе сфæлдыстад бæрæг дары йæ æрмдзæфæй. Йæ куыст у зын, вазыгджын, домы тых, рæстæг, фæразондзинад æмæ курдиат. Шахмæттæ, хæдзарон мигæнæнтæ, уидгуытæ, къустæ, скъæппытæ, къамодтæ конд сты ирон тематикæмæ гæсгæ. Фыранк дæр йæ бынат ссардта йæ æрмадзы.

Арæх фæархайы Хъазыбег æрмдæсныты адæмон равдыстыты, экономикон форумты. Хорзæхгонд æрцыд кады гæххæттытæ æмæ хæрзиуджытæй. Бирæ зындгонд адæмæн сæххæст кодта сæ бæллицтæ, сæ фæндонмæ гæсгæ сын æвæджиауы хъæдæрмæгæй скодта дзаумæттæ. Фæнды йæ, цæмæй ацы аивадон дæсныйад парахат кæна æмæ дарддæр цæуа. Адæмæн хæсса æхцондзинад, цин, рухс æмæ зонындзинад.

Бирæ хъуыдытæ æмæ нысантæ ис Алыккаты Хъазыбегмæ йæ зонындзинæдтæ æмæ сфæлдыстад адæмæн бацамонын æмæ равдисыны тыххæй. Нæ зæрдæ дардзыстæм, йæ фæндтæ йæ къухы кæй бафтдзысты, ууыл.

Хуыгаты Агуындæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here