Музей саразынæн

0
60

Дыууын иу азы размæ Беслæны арæзт террористон фыдракæнды амæттæгты рухс нæмттæ ссарынæн Бетъырбухы губернатор Александр Беглов бахæс кодта амынд цæгатаг горæты Малоохотинскæй проспекты Сыгъдæг Мады Майрæмы кувæндоны территорийы музей саразын (ныридæгæн кувæндоны сæвæрдтой цыртдзæвæн «Беслæны сывæллæттæн»).

– Беслæйнаг фыдбæллæх дунейы адæмты зæрдæтæ сæнкъуысын кодта. Террористон фыдракæндыл уæлдай фылдæр фæхъыг кодтой хæсты заман знаджы æрхъулайæн бафæразæг нæ горæты цæрджытæ. Фыдбылызы аххосæй кæй хиуæттæ фæмардысты, бетъырбухæгтæ уыцы адæмæн æвæстиатæй баххуыс кодтой. Беслæйнаг фæсивæдæй иуæй-иутæ сæ ахуырад Бетъырбухы уæлдæр скъолаты дарддæр ахæццæ кодтой æмæ ам æрцардысты. Нæ хæс у беслæйнаг фыдбæллæх ма рох кæнын æмæ ахæм фыдбылызæй фидæны фæлтæртæ бахизын. Музейы экспонаттæ æвдисдзысты фыдбылызы раз нæ иудзинад, сæрмагонд нысаниуæджы æфсæдты службæгæнджыты хъæбатырдзинад æмæ беслæйнæгтæн не ’ххуыс, – загъта губернатор.

Телефонæй ныхасгæнгæйæ, Александр Беглов æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло музейы арæзтады проектыл æрдзырдтой. Нæ рес-
публикæйы разамонæг музейы арæзтадыл сразы.

Уымæй уæлдай, Александр Бегловæн хъуыддаджы фембæлд кæимæ уыд, Цæгат Ирыстоны уыцы минæвар Цæгат-Ныгуылæйнаг федералон зылды Гæзæлты Барис æмæ Бетъырбухы ирон æхсæнады уæнгтæ музейы арæзтадæн баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: 2004 азы террористтæ кæй бацахстой, уыцы беслæйнаг скъолайы фæмард 334 адæймаджы.

Олег Апрелев

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here