«Земский учитель», зæгъгæ, уыцы программæйы фæлгæты ног ахуыры азы райдыдтой кусын Цæгат Ирыстоны хъæуты дæс ахуыргæнæджы – куыд æрыгон, афтæ фæлтæрдджын специалисттæ дæр. Сæ фылдæр дæтдзысты математикæйы уроктæ, фæлæ ма дзы ис уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы, биологи æмæ англисаг æвзаджы ахуыргæнджытæ дæр. Кусдзысты Тарскæйы, Хæзныдоны, Фарны, Николаевскаяйы станицæйы æмæ æндæр рæтты.
Программæйы архайджытæй алчидæр райсдзæн иуæмгъуыдон разæнгардгæнæн мызд – 1 милуан сомы.
Программæ «Земский учитель» хауы национ проектмæ «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ». Йæ сæйраг нысан у хъæуты сывæллæтты ахуырадмæ уæлдай стырдæр æргом аздахын, саразын сын ахæм уавæртæ, цæмæй горæтаг сабитимæ сæ гæнæнтæ уой æмхуызон. Уымæй дарддæр ма уый стыр æххуыс фæуыдзæн
ахуыргæнджытæн сæхицæн дæр сæ царды хабæртты.
РЦИ-Аланийы
Ахуырад æмæ
наукæйы министрады пресс-службæ












