Республикæйы фысвосы куыстгæнæг хæдзарæдтæ цыппорæй уæлæмæ сты. Фылдæр дарынц тушинскаг, ирон, хуссайраг æмæ хохы дагъыстайнаг
фысты хуызтæ. Фосы дзугтæ стæмтæй фæстæмæ ныридæгæн сты хохаг хизæнты. Октябры сæ быдырмæ фæстæмæ здахын райдайдзысты.
Уалдзæг – уæрыккафон, фæззæг – афæдзы фæллæйттæн хатдзæгтæ кæныны рæстæг. Сæ дыууæйæ дæр фосдарæг разыйæ баззайы, йæ хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндиаг куы фæцæуынц, уæд. Дыууын фыццæгæм æнусы ссæдзæм азты райдайæн фыстæ æмæ сæгътæ дарыны куыстмæ фылдæр æргом здахын райдыдтой Ирыстоны фосдарджытæ. Хъæуты кусæн бынæттæ хæрз гыццыл уыд, уый хыгъд уыцы
рæстæг фосдарæг фермерон хæдзарæдты нымæц фылдæргæнгæ цыд. Сæ райрæзтимæ, кæд бирæ нæ, уæддæр хъæуты цæрæг адæмæн фæзынд
куыст дæр. Ахъаз ын фесты, æрыгон райдайгæ фермертæн алыхуызон гранттæ, стæй субсидитæй кæй æххуыс кодта æмæ кæны паддзахад, уый дæр. Республикæйы æр-
дзон уавæр фадат дæтты фысвосы куыст райрæзын кæнынмæ. Архайд хуыздæр уаид, хизæн фæзуæттæ фаг куы кæниккой, уæд. Рæхджы фыййæуттæ хохæй быдырмæ кæй раскъæрдзысты, уыцы фос, цалынмæ фермертæ тыллæг сисыны фæстæ быдыртæ нæ бахуым кæной, уæдмæ уал сæ уым хизынæн уыдзæн фадат.
Æрыдоны районы Хъæууон хæдзарады управленийы сæргълæууæг Козаты Тенгиз куыд зæгъы, афтæмæй районы фысвосы куыстгæнæг хæдзарæдты ис авд мин сæры.
– Майы сæ хъæууонхæдзарадон куыстадон кооперативтæ «Весна», «Викентий» æмæ «Ир» уалдзæджы фæстаг мæй аскъæрынц сæ фос Зругмæ, стæй Захъайы фосхизæнтæм. Республикæйы иннæ районтимæ абаргæйæ, Æрыдоны фысты нымæц фылдæр у. Быдыры дæр сын ис хизæнтæ, фæлæ уавæр фысвосы нымæц фæфылдæр кæнын нæ амоны. Хорз цæстæнгас сæм дарынц ветеринарон службæйы кусджытæ, фос афоныл цæуы вакцинацигонд. Уæвгæ, фосмæ чи зилы, уыдон сæхæдæг дæр иттæг хорз зонынц, сæвзæрд уавæры цы кæнын хъæуы, уый, æмæ цы фæлтæрддзинад райстой, уымæй пайда кæнынц сæ куысты. Уый та зыны фосы нымæцыл.
Фыстæ дарынæй раздæр пайда цыд сæ дзидза æмæ ‘хсыры продукттæй, фæлæ ма фысы цыхт æлхæнæг йæ цæстæй фæстаг хатт кæд федта, уый хъуыды дæр нал кæны. Уæдæ къуымбилæн дæр æлхæнæг нæй. Хъыгагæн, нæ рæстæджы фысвос хæдзарæдтæ дарынц æрмæст дзидзайы тыххæй. Хæстæгдæр къуымбилы-
гуыстгæнæг цех ис æрмæст Хъæрæсе – Черкесийы горæт Карачаевскы, фæлæ йæ хъомыс чысыл у, бынæттон хæдзарæдтæй дарддæр ын нæй фадат алфамбылай регионтæй къуымбил æлхæнын æмæ фыстæ ‘лвыныны рæстæг æбæркадæй ацæуы. Фæлæ, уæддæр, лыстæг фос дарæг йæ къухтæ не ‘руагъта, амæлттæ кæны йæ фидæныл æууæндгæйæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ












