Хъæууон хæдзарады райрæзтæн – ахъаз

0
124

Программæ «Ирыстоны æхсар»-ы финалист Икъоты Юри разæнгардæй цæуы стажировкæ нæ республикæйы Хъæууон хæдзарады министрады.

Сабидуджы заман дæр лæппу йе ’ргом здæхта агропромышленнон къабазмæ. Юри каст фæци Хæххон паддзахадон аграрон университет, райста дзы зоотехникы дæсныйад. Лæппуйы зондамонæг, нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан зæгъы:

– Фæсивæд се ’ргом фылдæр кæдæм здахынц, стажировкæйы ахæм къабæзтæм гæсгæ сæ байуæрстам. Юри нæ республикæйы хъæууон хæдзарады райрæзтæн ахъаз кæны, ис æм профилон ахуырад. Йæ хъуыддæгтæ нывыл уагæй кæй ацæудзысты, уый мæ уырны.

Цалдæр ныхасы лæппуйы хæстон фæндаджы тыххæй. Юри барвæндонæй бацыд нæ регионы диверсион-сгарæг къорд «Алани»-мæ. Хæстон хæслæвæрдтæй-иу æххæст кæныны заман лæппу кæд схъисдзæф фæци, уæд дæр хæсты быдырæй йæ иннæ дыууæ фæцæфуæвæг æмслужбæгæнæджы рахаста.

Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй не ’мзæххоны схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады орден æмæ майдан «Ирыстоны намысæн»-æй.

 

РЦИ-Аланийы Хъæууон
хæдзарады министрады
пресс-службæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here