Пенситæ банымайдзысты

0
44

Адæймагæн йæ пенси раст банымайын, снысан æй кæнын æмæ йын йæ пенсион бартæ бамбарын кæныныл рагацау бацархайдта æмæ æмбæлгæ мадзæлттæ сарæзта Уæрæсейы Социалон фонд.

Пенси снысан кæныныл Фонды кусджытæ рагацау цæмæй бацарха-йой, уый тыххæй нæ республикæйы цæрджытæн ныр сæ бон у, пенсимæ рацæуынмæ ма сын 1,5-2 азы куы баззайа, уæд Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайадмæ сæ курдиатимæ бацæ-уын. Семæ хъуамæ уа ахæм гæххæттытæ:

– паспорт кæнæ йæ граждайнадыл дзурæг æндæр æвдисæндар;

– йæ куысты азтыл дзурæг документ (фæллойадон чиныг, æфсæддон билет æмæ, æнæмæнг пенсион фæдзæхстады къабазы нысангонд цалынмæ не ‘рцыд, уымæй размæ дæр кæй куыста, ууыл дзурæг æндæр ахæм гæххæттытæ);

– мыййаг, кæд йæ мыггæг, ном, фыды ном аивта, уæд ууыл дзурæг гæххæтт;

– ахуырады тыххæй диплом;

– йæ бинонтæй, куыстхъом чи нæу, ахæм даринаг ын кæд ис, уæд ууыл дзурæг гæххæтт;

– сывæллæтты райгуырды тыххæй æвдисæндар;

– цавæр хуызы пенси йын нысан кæндзысты, уымæ гæсгæ, хъуыддаг кæй домы, æндæр ахæм гæххæттытæ.

2026 азы фæдзæхстадон пенсимæ рацæуыны бар уыдзæн 1962 азы гуырд нæлгоймæгтæ æмæ 1967 азы гуырд сылгоймæгтæн; 2028 азы та – 1963 азы гуырд нæлгоймæгтæ æмæ 1968 азы гуырд сылгоймæгтæн. Уыцы бар сын цæмæй фæзына, уый тыххæй сæм хъуамæ уа æппынкъаддæр 15 азы куысты стаж æмæ пенсион балтæ æппынкъаддæр – 30.

Фæллойадон куысты рæстæг æмæ, адæймаг цы мызд исы, уый амынд сты алкæмæн дæр йæ сæрмагонд хыгъды. Уыдонæй аразгæ уыдзæн адæймагæн йæ пенсийы бæрц.

Бæлвырддæр хабæрттæн базонæн ис, ахæм телефонæй лæвар бадзургæйæ: 8-800-100-00-01 (къуырисæрæй цыппæрæммæ – 9.00-18.00 сахатмæ, майрæмбоны та – 9.00-16.45 сахатмæ).

 

УФ-йы Социалон
фонды пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here