Æфсæддон дохтыр Владимир ТКАЧЕНКО уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг. Ныр та, сабыр цардмæ æрыздæхгæйæ, ахуыр кæны æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз рацаразыны сусæгдзинæдтæ.
Æфсæддон дохтыр Владимир Ткаченко ныртæккæ у «Ирыстоны æхсар»-ы
программæйы кæронбæттæны архайæг (сты æрмæстдæр æртæйæ, йемæ ма дыууæ æфсæддон дохтыры). Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ Владимир дзуапп лæвæрдта хæстонты æнæниздзинадæн, дзæбæх сæ кодта, йæхи цардæн тæссаг уавæрты уæвгæйæ. Абон та, хæстон цардæй сабыр цардмæ æрыздæхгæйæ, ахуыр кæны адæмы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз рацаразыны хъуыддаг Мæздæджы районы.
Уым йæ райгуырæн хъæуы цы амбулатори ис, уый куыстмæ æфсæддон дохтыр ныр акаст бынтон æндæр цæстæй. Ныртæккæ йæ размæ лæууы хæс – республикæйы æппæт цæрæн бынæтты дæр медико-санитарон фыццаградон æххуыс куыд арæзт у, уый базонын. Æмæ йæ цæмæй бамбара, уый тыххæй алцæуыл дæр кæны цымыдис, фæнды йæ алцы базонын. Зæгъæм, ацы амбулатори лæггад кæны æхсæз цæрæн бынатæн, ома, æхсæз мин адæймаджы бæрцæн. Цы саразын хъæуы, цæмæй дæсны медицинон æххуыс хæццæ кæна алы цæрæгмæ дæр – уый у сæйраг фарс-
та. Куыд æххæстгæнгæ у, уый Владимирæн амоны æмæ йæ фæлтæрддзинадæй æфсæддон дохтырæн рæдау хай кæны амбулаторийы сæргълæууæг Гасситы Юри.
– Ахсджиаг у ахуырадмæ иумæйаг цæстæнгас дарын. Ныртæккæ мын ис æркæсыны фадат, нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз, æмткæй райсгæйæ, куыд кусы, уымæ – горæтаг стыр стационартæй райдай æмæ амбулаторитæ æмæ фелсырон-акушерон пункттæй фæу. Мæ бон у уыцы медицинон кусæндæтты разамонджытимæ аныхас кæнын, цавæр фарс-
татæ сæ тыхсын кæнынц æмæ сæ цы мадзæлттæй лыг кæнынц, уый базонын, – зæгъы Владимир.
Гасситы Юрийы хъуыды та у ахæм:
– Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс Владимир сæххæст кодта. Æмæ ныр сабыр царды дæр æй дохтырæй кусын кæй фæнды, уый у тынг хорз. Йæ зонындзинæдтæ, йæ хæстон фæлтæрддзинад сабыр царды дæр ын, æнæмæнг, уыдзысты æххуыс.
Йæ æфсæддон хæстæ Владимир æххæст кодта Запорожьейы. Æрыздæхыны афон ын куы æрцыд, уæд фехъуыста, республикæйы кæй ис программæ «Ирыстоны æхсар», æмæ дзы бацархайыны уынаффæ йæхицæн рахаста.
– Ацы программæйæ бирæ цæмæдæрты æнхъæлмæ кæсын, æппæты фыццаг, мæ зонындзинæдтæ кæй фæфылдæр уыдзысты, уымæ. Ис мын иттæг дæсны куратор æмæ мын амоны граждайнаг æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы æппæт сусæгдзинæдтæ. Стæй мын мæ размæ æвæры ахсджиаг æмæ цымыдисаг хæстæ. Мæ фыццаг хæс та у хъусын хистæр дохтыртæм, æмбарын мæ размæ æвæрд нысантæ æмæ, мæ хъарутæ цас амонынц, уый бæрц архайын фарстатæ лыг кæныныл, – зæгъы Владимир.
Æрыгон дохтыры куратор æмæ зондамонæг у республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов, æмæ йæ «ахуыргæнинагыл» ныридæгæн дæр йæ зæрдæ кæй дары, уый у бæрæг: амæй размæ ацыдысты Мæздæджы
районмæ æмæ иумæ байхъуыстой, уыцы бон сæм сæ сагъæссаг фарстатимæ цы адæм æрбацыд, уыдонмæ.
– Нæ куыстæн сарæзтам пълан хæстæгдæр афæдзмæ. Бацархайдзыстæм, гæнæн цас уа, уый бæрц Владимиры базонгæ кæнын æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазимæ, æмткæй райсгæйæ, цæмæй йæм сабыр царды кусгæйæ дæр фæзына медицинон фæлтæрддзинад. Ныртæккæ Владимир цæуы нæ республикæйы паддзахадон медицинон академийы цур ахуырадон программæ, æмæ йæ куы фæуа, уæд уый фæстæ кусдзæн алыхуызон бæрнон бынæтты – райдай «Росздравнадзор» æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады цæстдарæг оргæнтæй æмæ фæу стыр рынчындæттæй. Иу дзырдæй, программæ у егъау, æмæ, мæнмæ гæсгæ, Владимирæн бантысдзæн, – загъта Александр Реутов.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы фарстатæ сты бирæ. Фæлæ сæ алыг кæнын къухы хъуамæ æфта, уæлдайдæр, ахæм дæсны зондамонæг адæймагæн куы уа, уæд.
Республикон программæ «Ирыстоны æхсар» у федералон проект «Хъайтарты рæстæг»-ы («Время героев») халдих. Йæ фæрцы иннæ аз майы республикæйы разамынды оргæнты алыхуызон къабæзты фæзындзæн 32 дæсны специалисты, сæ иу, æнæмæнг, уыдзæн Владимир Ткаченко. Адæмæн æххуыс кæнын йæ туджы ис, æмæ уыцы æххуыс кæндзæн дарддæр дæр.
ХЪАЛÆГАТЫ Надеждæ












