Бæрнондзинад бадомдтой

0
42

Коррупцийы ныхмæ архайды къабазы закъонæвæрынады домæнтæ куыд æххæст кæнынц, Æрыдоны районы прокуратурæ уый сбæлвырд кодта.

Куыд рабæрæг, афтæмæй, архайæг закъонæвæрынады амынд гæрæнтæ кæуыл æххæссынц æмæ амæй размæ муниципалон хицауы бынат чи ахста, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Еврострой» ахæм адæймагимæ фæллойадон бадзырд сфидар кодта.

Закъоны æнæмæнг æххæстгæнинаг домæнтæ халгæйæ, куыстдæттæг 10 боны æмгъуыдмæ амынд адæймагимæ фæллойадон бадзырд сфидар кæныны тыххæй бæрæггæнæнтæ йын йæ раздæры куысты бынатмæ нæ барвыста. Амынд æууæл нымайгæйæ, районы прокуратурæ «Еврострой»-ы директорыл «Административон барадхæлдтыты тыххæй» кодексы 19.29 статьямæ гæсгæ сарæзта административон хъуыддаг.

Прокуророн дзуаппы актыл ныхасы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æргомгонд аиппытæ иуварсгонд æрцыдысты, æмбæлгæ бæрæггæнæнтæ барвыстой амынд адæймаджы раздæры куысты бынатмæ, аххосджын адæймагæй та административон бæрнондзинад бадомдтой.

 

РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here