Дзыллон зиу – Афгайнаг скверы

0
124

Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæйнаг æмæ Терчыфалейы районты администрацийы хъæппæрисæй Афгайнаг скверы арæзт æрцыд дзыллон зиу.

Фæлгонцад æмæ сыгъдæгдзинады акцийы архайдтой Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын æмæ Цæгат Кавказы арæзтадон техникумты ахуырдзау-тæ, компанитæ «ЖСК-2» æмæ «Бирæфатерон цæрæн хæдзæртты 10-æм управлени»-йы кусджытæ, раздæры æфсæддонтæ-«афгайнæгтæ» æмæ микрорайоны цæрджытæ.

Цалдæр сахатмæ зиууæттæ парчы фæзуат асыгъдæг кодтой æмæ алыхуызон бырæттæ бавгæдтой дыууæ уæзласæн хæдтулгæйы гуыффæты.

Кæронбæттæны æхсæнадон проект «Лесотерапия»-йы архайджытæ зиууæтты саходын кодтой тæвд цай æмæ адджинæгтæй.

Сæрмагондæй зæгъын æмбæлы, зиуы архайджытæй иу Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Пагæты Алыксандр кæй уыд, уый. Пагæйы-фырт разыйæ баззад, горæты цæрджытæ сыгъдæгдзинады мадзалмæ зæрдиаг æргом кæй раздæхтой, уымæй. Ветераны хъуыдымæ гæсгæ, ахæм акцитæ арæхдæр аразын хъæуы.

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here