Ацы бонты горæт Красноярскы йæ куыст кодта Уæрæсейы Федерацийы регионты экономикон рæзты министрты æртыккæгæм съезд. Цæгат Ирыстонæй æмбырды архайдта регионы экономикон рæзты министр СОКАТЫ Марат.
Съезды архайджытæ бæстон æрдзырдтой бæстæйы экономикæйы абоны уавæрыл, сæйрагдæр лыггæнинаг фарстатыл, фæбæрæг кодтой дарддæры райрæзты фæндæгтæ.
Боны фæткы фарстатыл ныхасы архайдтой Уæрæсейы экономикон рæзты министр Максим Решетников, УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдары хæдивæг Николай Журавлев, УФ-йы Паддзахадон Думæйы экономикон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Максим Топилин, æндæр федералон æмæ регионалон ведомствæты бæрнон кусджытæ, амалхъомады минæвæрттæ, эксперттæ…
Æмбырды архайджытæ цы фарстатæм æркастысты, уыдонæй иу уыд 2030 азы онг Уæрæсейы фæзуатон райрæзты стратеги. Уымæй уæлдай, хыгъд æрцыдысты, фыццаградон национ проект «Хъомысджын æмæ ерысхъом экономикæ»-йы уагæвæрдтыл 2025 азы куыст куыд цыд, уый рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ. Уыимæ, æргом здæхт æрцыд чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады къабазæн æххуысы фарстатæм, креативон экономикæйы райрæзтмæ, раззагдæр технологитæй уæрæхдæр пайда кæнынмæ, регионты инвестицион хъомыс бæрзонддæр кæнынмæ…
«Съезды архайджытæн уыд кæрæдзийы куыстадон фæлтæрддзинадимæ базонгæ уæвыны, ахадгæдæр экономикон проекттæ рæгъмæ рахæссыны, иумæйаг уынаффæтæ сфидар кæныны фадат дæр. Разæй нæм æнхъæлмæ кæсы съезды амынддзинæдтæ æмæ уынаффæтыл вазыгджын
куыст», – æмбырды фæстæ фæбæрæг кодта Сокаты Марат.
ЦÆГÆРАТЫ Зæринæ














