Ацы бонты РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей МЕНЯЙЛО кусæг балцы ис горæт Санкт-Петербурджы. Уым регионы Сæргълæууæгæн фембæлдтытæ уыд федералон компанитæ æмæ ведомствæты бæрнон кусджытимæ.
Афтæ, уыцы фембæлдтытæй иуы архайæг уыд акционерон æхсæнад «Газпром»-ы правленийы сæрдар Алексей Миллер. Уыимæ Сергей Меняйло æрдзырдта Цæгат Ирыстоны дарддæры газификацийы пълантыл.
Фембæлды архайджытæ бахыгътой, 2021-2025 азтæн республикæйы газификацийы программæ куыд æххæстгонд æрцыд, уый рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ дæр. Афтæ, 2024 азы æрдзон газы хæтæлтæ бахæццæ сты, уæды онг æрвгъуыз артагæй кæм нæма пайда кодтой, Мæздæджы районы уыцы дыууæ фæстаг цæрæн бынæттæ – Хъуысатыхъæу æмæ Хурыхъæумæ.
Ныртæккæ та «Газпром» кусы курорт «Мамысон»-ы газификацийы проектыл. Уыимæ, уыцы проекты фæрцы æрдзон газæй æфсисады системæтæ фæзындзысты Калачы, Згъилы, Тибы, Уæллаг æмæ Дæллаг Зæрæмæджы… Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты та компани æххæст кæны дыууæ газуарæн дæлстанцæйы бындурон цалцæг. Уыцы куыстытæ фадат ратдзысты, цæмæй Æрхонкæйы, Фарныхъæуы, Къостайыхъæу æмæ Цымытийы ногарæзт хæдзæрттæ æмæ æндæр объекттæ дæр баиу кæной газуадзæн хæтæлтæм.
Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй ахадгæ хуызы æххæстгонд цæуы уæлæмхасæн газификацийы программæ дæр. Афтæ, цалдæр азмæ 3,6 мин ног фæлхасгæнæгимæ бафыстой бадзырдтæ газуадзæн хæтæлтæ хæдзæртты арæнтæм ба-уадзыны фæдыл. Уыцы бадзырдтæн сæ 90 проценты ныридæгæн æххæстгонд æрцыдысты, 2,4 мин бинонтæ ныр пайда кæнынц æрдзон газæй.
Уыимæ, ныхасы архайджытæ æркастысты 2026-2030 азтæн Цæгат Ирыстоны дарддæры газификацийы программæйы проектмæ дæр. Куыд загъдæуыд, афтæмæй ныртæккæ республикæйы газификацийы иумæйаг къæпхæн хæццæ кæны 95 процентмæ (уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, РЦИ-Алани ис раззагдæр 10 уæрæсейаг регионы номхыгъды). Ног программæ хъуамæ фидаргонд æрцæуа 2025 азы кæронмæ.
Сергей Меняйло æмæ Алексей Миллер æрдзырдтой æндæр иумæйаг проекттæ æххæст кæныны фарстатыл дæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














