Ногиры хид цæттæ у

0
43

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдар СолИты Тариэл фембæлд республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ. Ведомствæйы разамонæг радзырдта, афæдзы дæргъы сæ куысты цавæр  æнтыстдзинæдтæ бафтыд сæ къухы, уый тыххæй.

Куыд фехъусын кодта, афтæмæй 1 ноябры официалон æгъдауæй байгом уыдзæн Ногиры хид. Хид цæуы Терчы цæугæдоны сæрты Ногирæй Михайловскмæ фæндагыл. Национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы фæлгæты куыстытæ баххæст кодтой «Хуссайраг арæзтадон компани»-йы специалисттæ.

Зæронд хид арæзт æрцыд 1972 азы, йæ фидардзинад, цас уæз бауромдзæн, уыцы бæрц баст уыд ивгъуыд æнусы ГОСТ-имæ. Йæ дæргъ уыд 114,9 метры. Арæзт уыд 5 хайæ – 22,14 метры алы хай дæр. Уæдæй нырмæ рацыд 51 азы, йæ уаргъ-æвæрд зынгæ фæфылдæр. 2023 азы 29 майы цы донивылд уыд, уый фæласта, хид цæуыл æнцой кодта, уыцы цæджындзтæ. Ноджы ма хæлд æрцыдыс-ты, хиды фæрстыл цы коммуникацитæ цыд, уыдон: электрон тыхы телтæ, æрдзон газы хæтæл æмæ афтæ дарддæр.

Уыцы цау хорзæрдæм нæ фæзынд республикæйы æхсæнадон æмæ уæзласæн транспорты цыдыл. Дзæуджыхъæуы уынгты фæфылдæр транспорты нымæц, уæлдайдæр та, Китайаг хид кæй хонæм, уыцы ран. Нæ горæты цæрджытæ фылдæр рæстæг хардз кодтой фæндагыл.

Ног хиды дæргъ у 136 метры. Хид цы цæджындз-тыл лæууы, уыдон зæххы бынмæ ацыдысты 20 метры арфы. Сцалцæг кодтой хидмæ бацæуæнтæ дæр, сарæзтой 2 метры фæтæн къахвæндæгтæ, бауагътой йæм электрон рухс.

Солиты Тариэлы ныхасмæ гæсгæ, 2026 азы фæнд кæнынц Дзæуджыхъæуы Чапаевы хид рацаразынæн проект саразын. Ноджы ма ведомствæйы разамонæг фехъусын кодта, ноябры кæронмæ Чкаловы уынджы хид дæр кæй байгом уыдзæн, уый.

РЦИ-Аланийы Фæндаггон инфраструктурæйы комитеты 2025 азы куысты пъланы уыд 17 проекты. Уыдонæй ныридæгæн 14 сæххæст кодта. Сног кодтой регионалон фæндаг Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескены дыууæ хайы. Сæ дæргъ у 3,3 километры. Ноджы ма бындуронæй рацарæзтой, Дигорайы астæу цы фæндаг цæуы, уый. Йæ дæргъ – 2 километры бæрц. Куыстытæ фесты, æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд, регионалон фæндаг Суадаг-Пысылмонхъæу Суадагдоны сæрты цы хид цæуы, йæ дæргъ – 36,1 метры.

Куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц Транскам-Уæллаг Зджыд-Мæцутæмæ фæндагыл. Уый фадат ратдзæн Уæлладжыры комæй Дыгургоммæ бахизынæн. 5,5 километры фæндагыл фæндаггон службæтæ бындуронæй рацарæзтой 7 хиды, зæйтæ æмæ донивылдтыты ныхмæ фидар къултæ самадтой, ноджы ма 38 мин квадратон метры къæдзæхы фæрстыл байтыдтой дурты згъæлды ныхмæ хыз.

Солиты Тариэл журналисттæн зæрдæ бавæрдта, афæдзы кæронмæ æппæт куыстытæ дæр пъланмæ гæсгæ æххæстгонд кæй æрцæудзысты, уымæй.

 

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here