Алы аз дæр 30 октябры нæ бæстæйы ацæуынц номарæн мадзæлттæ, ивгъуыд 20-æм æнусы политикон репресситы амæттаг чи баци, æнаххосæй аххосджыныл кæй банымадтой, уыдоны рухс нæмттæ æрымысынæн. Цæгат Ирыстон фыццаг бынæттæй иу ахсы, карз æфхæрдбаййафæг адæмы нымæцæй. Ахæм бинонтæ, æвæццæгæн, нæй нæ республикæйы кæй хæстæг кæнæ хион дзы нæ байсæфт.
Знон Дзæуджыхъæуы, репресситы амæттæгты цыртдзæвæн «Цæссыджы дур»-ы раз уыд номарæн акци. Архайдтой дзы Хицауады, æфсæддон æмæ тыхы ведомствæты, министрадты, дины, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ахуырдзаутæ æмæ фæсивæд.
Мадзал байгом кодта РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан:
– Цины бæрæгбоны фæдыл не ‘рбамбырд стæм, фæлæ – хъыджы, кæддæр паддзахады аххосæй цы бирæ адæм фесæфт, æнаххосæй кæй базылын кодтой, уыдоны æрымысынæн, цæмæй ахæм цаутæ нæ царды макуыуал æрцæуа. Æз арæх æрхъуыды кæнын Зураты Ауызбийы, уый хъæппæрисæй æвæрд æрцыд ацы цыртдзæвæн. Ауызби мыхуыры рауагъта чиныг дæр, уырдæм хаст æрцыдысты, Ирыстонæй репресситы чи фесæфт, уыцы адæймæгты нæмттæ иууылдæр. Ам уынын бирæ æрыгон фæсивæд, æмæ мын æхсызгон у, уымæн æмæ фæлтæртæ хъуамæ зоной æмæ ма рох кæной, æнаххосæй йæ цард кæмæн аскъуыд, уыцы адæмы, – загъта министр.
РЦИ Аланийы хæсты æмæ фæллойы ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбег та загъта:
«Уый уыдис политикон диктатурæйы къласон тох. Кæрæдзийы ардыдтой, ныхæстæ хастой уæлдæр хицауадмæ. Абон дæр, уыцы миниуæг не ‘хсæн нæма фесæфт, ныр дæр бирæты зæрдæтæ хæлæг æмæ æнæуынондзинадæй дзаг сты, æмæ сæ хъæуы æд уидагæй стонын. Уыцы хъуыддаг та алкæмæн дæр йæхицæй кæнгæ у. Уæд нæ цард дæр рухсдæр æмæ амондджындæр уыдзæн». Номарæн митинджы раныхас кодта РЦИ-Аланийы архивон службæйы разамонæджы хæдивæг Тебиаты
Еленæ. Уый радзырдта, политикон репресситы амæттаг кæй фæци йæ фыд Абайты Шамил дæр. Æмæ сæ кæд сраст кодтой, уæддæр бинонты историйы баззад, æнцонæй чи нæ бадзæбæх, ахæм арф хъæдгом.
Цыртдзæвæн «Цæссыджы дур»-ы раз мадзалы архайджытæ сæвæрдтой дидинджыты бæстытæ дæр.
Саутæты Тамилæ,
къам систа Татьянæ Шеходанова














