Экологон нывылдзинад, коммуналон лæггæдтæ æмæ нæ алыварс сыгъдæгдзинад

0
33

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты уыд цæлхæмбырд ахæм темæйыл: «Куыстадон æмæ фæлхасадон архайды æппарæнты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъон царды рауадзыны тыххæй».

Йæ саразыны хъæппæрис равдыстой Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитет, стæй аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитет.

Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой коммуналон хъæбæр æппарæнтимæ баст уавæры лыггæнинаг фарстатыл æмæ сæ алыг кæныны гæнæнтыл.

Æмбырд амонæг – Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты комитеты сæрдар Остъаты Георги  йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй коммуналон хъæбæр æппарæнтæ æмæ экологон уавæримæ баст фарста у ахсджиаг, куыст ыл цæуы, фæлæ уал нырма уæддæр республикæйы æппæт районты хъуыддаг у сагъæссаг æмæ йæ алыг кæнын къухы нæма бафтыд. «Фæлæ йæм афæстаг рæстæг хицаудзинады оргæнты минæвæртты, депутатты, регионалон оператортæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрациты ‘рдыгæй фылдæр хъусдард ис, æмæ, æнæмæнг, уавæр хъуамæ фæхуыздæр уа», – загъта депутат.

Экологон æдасдзинады уагæвæрдтæ амынд сты 2016 азы 8 июлы 41-æм республикон закъоны, æмæ, Остъаты Георги куыд бафиппайдта, афтæмæй йæм рæстæгæй-рæстæгмæ хаст цæуынц ивддзинæдтæ. Карздæр кæнынц, бар кæм нæй, ахæм ранмæ бырон æппарыны тыххæй ивартæ. Ныртæккæ уыцы иварты бæрц хуымæтæг адæймагæн у 4-5 мин сомы, бæрнон адæймагæн – 40-50 мин сомы, юридикон иуæгæн – 700 мин сомæй 1 милуан сомы онг. Фæлæ ивар алкæй нæ уромы, æмæ закъонхалæн цаутæ уæддæр иу æмæ дыууæ не сты. Бæрæг у, уавæр карздæр мадзæлттæ кæй домы, уый.

Иннæ сагъæссаг фарста – бырон ласыны тыххæй цæрджытæ цы хæстæ дарынц, уый. Уыцы хæстæ, 2021 азæй ацы азы августы мæймæ нымайгæйæ, сты 695 милуан сомæй фылдæр. Ахæм уавæр æвзæрæрдæм зыны регионалон операторты лæггæдты хæрзхъæддзинадыл.

Фарстайыл иннæ раныхасгæнæг уыд республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Игорь Портнов. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы кусынц дыууæ регионалон операторы. Сæ иу – «ЭРА» – лæггад кæны Мæздæджы районы, иннæ та – «Чистый город» – республикæйы иннæ районты. Сæ куыстмæ фау æрхæссæн нæй, архайынц сæ хъарутæ æмæ гæнæнтæм гæсгæ. Коммуналон хъæбæр æппарæнтæ ласынæн сæм æдæппæт ис техникæйы 97 иуæджы. Уыдонæй 14 кусынц Мæздæджы районы, 83 та – иннæ районты. Лыггæнинаг фарстаты ‘хсæн министры хæдивæг ранымадта инфраструктурæимæ баст фарста, стæй æппарæнтæ ныгæнынæн бынат саразын кæй хъæуы, уый. Уый у зынаргъ хъуыддаг æмæ домы паддзахадон æххуыс. Игорь Портнов депутаттæй курæг уыд, цæмæй закъонæвæрынадон æгъдауæй регионалон оператортæн баххуыс кæной сæ куысты æмæ сын сæ хъалонты уаргъ фæкъаддæр кæной.

Экологон цæстдард куыд арæзт цæуы, ууыл, стæй коммуналон хъæбæр æппарæнтæ ласыны хъуыддаг рацаразыны мадзæлттыл ныхас кодта республикæйы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады Паддзахадон экологон цæстдарды управленийы разамонæг Гаглойты Сослан. Бар кæм нæй, ахæм ран адæм сæ бырон кæм калынц, ахæм бынæттæ цæстдарæн мадзæлтты фæрцы раргом кодтой 45, уыдонæй 22 – хæрзæрæджы. Ахæм халæн цауты ныхмæ архайынæн министрады арæзт æрцыд кусæг къорд.

Фарстайыл раныхасгæнджытæ ма уыдысты горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Еналдыты Хетæг, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Экологический Регион Алания» (ЭРА)-йы генералон директор Моурауты Мæирбег æмæ æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Чистый город»-ы директоры хæдивæг Сугъараты Тимофей.

Раныхæсты фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурмæ, Остъаты Георгимæ, депутат Цæгæраты Русланмæ.

Æмбырды кæронбæттæн йæ архайджытæ рахастой амынддзинæдтæ æмæ уынаффæтæ æмбæлгæ министрадтæн, ведомствæтæ æмæ коммуналон æгъда-
уæй лæггадгæнæг регионалон оператортæн.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here