Арæнтæм æввахс Синагуры хъæу

0
36

Хæххон фæндæгтыл цæугæйæ адæймаг банкъары цавæрдæр æнахуыр уæлмонцтæ, зæрдæ байдзаг вæййы сæрибар уæлдæфæй, йе уæнгтæ айвазы… Афтæмæй ныл Дзауы районы арæнтæм æввахс хъæу Синагур сæмбæлд.

Цы фарстатæ сæвзæрд, уыдонæн дзуаппытæ дæтты Синагур-Хъарзмайнаг хъæуы администрацийы сæргълæууæг Танделаты Софья. Йæ ныхасмæ гæсгæ уæлдай тынгдæр зæрдæ барухс Ерцъо-Синагуры фæндаджы цалцæгæй, уый ацы бынæттæ бæтты сæйраг трассæимæ. Фæндаджы æдзæллаг уавæр тынг тыхсын кодта цæрджыты, ныр йæ хуыз скалдта, цæмæй Цхинвалмæ æрхæццæ уай, уымæн дæ ба-
хъæудзæн сахатæй къаддæр.

Цалдæр азы размæ Хъарзманмæ фæндагмæ дæр базылдысты, тагъд кæд Теделеты хъæумæ фæндаг дæр сцалцæг кæниккой. Хъæуты царды уавæртæ æвзæр схонæн нæй, социалон инфраструктурæ бæрæг дары. Фæлæ уæддæр зæрдæ риссын кæны демографион уавæр. Фæстаг азты цæрджыты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Хъæуы администрацийы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй сæхицæн сæйраг хæсыл нымайынц бынæтты цард бахъахъхъæнын.

Администрацимæ хауынц цыппар хъæуы – Синагур, Хъарзман, Джалабет, Теделет. 2012 азы Президенты æвзæрстыты рæстæг ма дзы уыд 340 цæрæджы, сывæллæтты нæ нымайгæйæ. Æппынæдзух дзы ныртæккæ цæры 100 адæймаджы, æнахъомты нымайгæйæ. Тынгдæр аивылдысты КОВИД-ы рæстæг, иутæ ацыдысты Цхинвалмæ, иннæтæ – Цæгат Ирыстонмæ, æртыккæгтæ – Гуырдзыстонмæ. Фæсивæд ахуырмæ ацæугæйæ фæстæмæ нал æрыздæхынц.

Медицинон æххуыс адæмæн кæны Синагуры амбулатори, дохтырæй дзы кусы Цхуырбаты Ульянæ, ис дзы медицинон хо дæр. Дохтыр цæргæ Къуайсайы кæны, къуыри дыууæ хатты вæййы амбулаторийы, фæлæ бахъуыд, уæд æхсæв дæр æрцæуы хъæумæ. Теделет æмæ Хъарзманы ис фелсырон-акушерон пункттæ. Социалон кусджытæ, иунæг æмæ ацæргæ адæмы царды уавæртæ фенцондæр кæныныл арха-
йынц. Хъæуты кусынц библиотекæтæ. Скъолатæ æхгæд æрцыдысты, уымæн æмæ ахуырдзаутæ нæ фаг кæнынц, æрмæстдæр ма Синагуры скъолайы ис авд ахуырдзауы.

Фæсивæд сæ рæстæг пайдайагæй кæм æрвитой, уый сын нæй æмæ хъæутæй цæуынц. Цалдæр азы размæ Хуыгаты Ростислав Теделеты сарæзты клуб, фæлæ дзы æрмæстдæр библиотекæ кусы. Цæмæдæр гæсгæ клуб хъæуы бæрнмæ раттыны фарста ауыгъдæй баззад. Синагуры бæргæ тренажерты зал, цæрджытæ сæ рæстæг пайдайагæй кæм æрвитой, ахæм сквер куы фæзынид, цырæгътæ æмæ бандæттимæ парчы хуызы, фæлæ нæхи бон уый саразын нæу. Кæд районы администраци уыцы фарстатæ йæ пъланмæ бахæсса, уæд хорз.

Кæд æмæ цæрджытæм цавæрдæр фарстатæ фæзынынц, уæддæр сæ алчидæр йæ хæдзарадон куыстытæ кæны, фермерон хæдзарæдтæ нæм нæм нæй, ис зæххы гæппæлтæ. Специалисттæй нæ тынгдæр хъæуы электромонтер, æрыгæттæм бæргæ фæсидæм, ацæут сахуыр кæнут æмæ хъæумæ æрыздæхут, зæгъгæ. Фæлæ нæ нæ хъусынц…Исты æнæнхъæлæджы цау, уæд фæдзурæм Дзауы районмæ æмæ нæм электромонтер æрæрвитынц. Тыхстдзинад уый мидæг ис, æмæ зымæгон Синагурмæ æнцонæй не ссæудзынæ, монтер хъуамæ бынæттон уа.

Транспортон бастдзинад нæм ис, къуыри дыууæ хатты автобус цæуы  Цхинвалмæ. Нæхимæ кусынц дзулфыцæн æмæ дукани. Хъæуты донимæ фарста нæй, алы хæдзары дæр колонкæтæ лæууынц, хъарм æмæ уазал дæттæ ис алкæмæ дæр. Чырæг телефонимæ бастдзинад хуыздæрхъуаг у. Нымæцон телеуынынадмæ чи рахызт, уыдон кæсынц телерадиокомпани «Ир»-мæ…

Хъæуы администрацийы разамонæг Танделаты Софья куыд зæгъы, афтæмæй ам дæргъвæтин рæстæг хæларæй, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ цæрынц ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ. Кæрæдзи зæрдæхудты нæ цæуынц, бахъæуы, уæд арæнты сæрты сæ бон ацæуын вæййы сæ гуырдзиаг хæстæджытæм, уый тыххæй ис цæуыны фæтк. Æрдз дзы тынг рæсугъ у, фæндæгтæ куы фæрæвдз уой, уæд туристтæм дæр æнхъæлмæ кæсæм!

Багаты Алан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here