Хъæбатыртæ нæ мæлынц, не ‘хсæн нал сты, фæлæ сын
æрвылаз 30 октябры сæ ингæнтæм дидинджытæ æмæ веноктимæ æрбацæуынц Иры дзыллæтæ.
Афтæ та уыдис ныр дæр. Номарæн мадзæлттæ райдыдтой райсомæй дæс сахатыл Горæтгæрон районы Камбилеевкæйы хъæуæй. Иумæйаг æфсымæрон ингæныл дидинджытæ сæвæрдтой нæ республикæйы Хицауад æмæ Парламенты уæнгтæ, æхсæнад æмæ ведомствæты минæвæрттæ, районы цæрджытæ. Дарддæр номарæн мадзал ацыдис Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы. Æнкъард музыкæйы зæлтæм канд адæм нæ, фæлæ мæргътæ дæр ныхъхъуыстой. Адæмæй азмæлæн нæ уыд хъæбатырты уæлмæрдты. Ингæнтæ сырх адардтой дидинджытæй. Æнæдзургæйæ иууылдæр цыдысты æдзард хæстонтæн кад кæнынмæ, Ирыстонæн сæрибар æмæ сабырдзинад чи æрхаста, уыцы хъæбатыртæн рухсаг зæгъынмæ. Сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыцы фæлтæрты хæс у уыдоны зæрдылдарын.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА














