Ивддзинæдтæ хаст æрцыд УФ-йы Цæрæнуатон кодексмæ

0
36

Уæрæсейы Федерацийы сенатор РЦИ-Аланийы Парламентæй Виталий Назаренко 29 октябры Федерацийы Советы æмбырды рæгъмæ рахаста федералон закъон «УФ-йы Цæрæнуатон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй».

Закъондæттынадон хъæппæрис арæзт у, бирæуæладзыгон хæдзæрттæ капиталон цалцæг кæнгæйæ, исбонады фонд аразыны мадзæлттæм æххæст барадон ивддзинæдтæ бахæссынмæ.

«Уыцы закъонмæ гæсгæ бирæуæладзыгон хæдзары агъуыстыты хицæутты уынаффæ хъуамæ сæрмагонд информацион системæйы фæрцы хæццæ кæна регоператортæм, уыдон хæдархайдæй нысан кæнынц, хъуыддæгтæ адресатмæ кæй фæхæццæ сты, уый. Ног ахаст хуымæтæгдæр кæны капиталон цалцæджы фонд аразыны иу хуызæй иннæмæ рахизыны хъуыддаг. Федералон закъон бæлвырд кæны, капиталон цалцæджы фæрæзтæ æмбырд кæныны гæнæн цæрджыты уынаффæмæ гæсгæ йæ тыхы кæд бацæуы, уыцы æмгъуыды   рæстæг», – фæнысан кодта Виталий Назаренко.

Уымæй уæлдай, закъон фылдæр кæны, сæрмагонд хыгъды уавæр цы адæймæгтæ хъуамæ зоной, уыдоны нымæц. Бирæуæладзыгон хæдзары агъуыстыты хицæуттæй уæлдай, закъонмæ гæсгæ уыдонмæ хауы регионалон оператор (капиталон цалцæджы фонд аразгæйæ, регоператоры хыгъды) æмæ сæрмагонд хыгъды хицау (капиталон цалцæджы фонд аразгæйæ, сæрмагонд хыгъды). Уый ирддæрæй бæрæг кæны системæйы уаг.

Виталий Назаренко уæлдæр палатæйы депутатты рæгъмæ цы федералон закъон рахаста, ууыл схъæлæс кодтой æмхуызонæй.

 

Æлборты Зæлинæ,
УФ-йы сенаторы
æххуысгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here