«Мах дуг» мыхуыр кæны

0
176

Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы ацы азы дæсæм номыр. Журнал байгом Дзæуджыхъæуы наукон центры сæргълæууæг Цыбырты Алексейы хъуыдытæй, рубрикæ «Æмдугоны хъуыдытæ»-йы бынмæ – «Аразгæ интеллект – Нарты кадджыты ног хæлар».

Æмбалты Цоцкойы райгуырдыл сæххæст 155 азы. Цоцкойы тыххæй журналы мыхуыргонд æрцыд  Тыбылты Алыксандры уац «Аив дзырд-
мæ фарнхæссæг». «Æмбалты Цоцкойы сфæлдыстадон бынтæй», зæгъгæ, мыхуыргонд æрцыдысты: «Зджыд», «Зæнджиаты Ахмæт æмæ Боциты Тати», «Джерджыты Баллæ» æмæ æндæр цыбыр хабæрттæ.

Хъайттаты Сергейы райгуырдыл сæххæст 105 азы. Журналкæсджытæ йын зæрдиагæй бакæсдзысты йæ радзырд «Знæгтæ».

Цгъойты Хазбийыл сæххæст 85 азы. Журналы мыхуыргонд æрцыд йæ уац «Фыдæлты фæд», «Ирон царды æгъдæутты бындуртæ: нæ дин, нæ уаг», «Зæдтæ æмæ дау-
джытæ».

Цгъойты Хазбийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй Цыбырты Людвиг фыссы йæ уац «Ирондзинады сæрхъуызой»-ы. Хазбийы тыххæй йæ хъуыдытæ зæгъы Гæбæраты Юри дæр – «Нæ удысконд – æнæкæрон тыгъдад».

Журналы бакæсæн ис Саулохты Венерæ æмæ Куыдзилты Камиллæйы æмдзæвгæты циклтæ.

Дауыраты Дамиры сфæлдыстад уарзджытæ йын зæрдиагæй бакæсдзысты йæ радзырдтæ – æцæг хабæрттæ, мысинæгтæ. Зæрдæмæхъаргæ у Битарты Маринæйы радзырд – æцæг хабар «Цардæвзарæнтæ».

«Аив дзырды хæзнадон», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бынмæ дарддæр мыхуыргонд цæуы Гусалты Барисы «Дзырд – Хуыцау дугæй дугмæ».

Рубрикæ «Аивад, культурæ»-йы бынмæ Уанионы æрмæг Джусойты Нафи æмæ йе ’фсымæр Таймуразы мысæн изæры тыххæй.

«Мах дуг»-ы равдыст»-ы сты ацы изæры ист къамтæ.

Журналы ма бакæсæн ис æндæр æрмæджытæ дæр.

Абайты Эдуард

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here