Фыццаградон фарстатæм æркастысты

0
45

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ боны фæткы цы фарстатыл æрдзырдтой, уыдон иууылдæр баст сты нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтимæ.

Фыццаг уыд кадрты фарста. РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдары хæдивджытæй ног æмгъуыдмæ снысан кодтой Акъоты Аланы, Мамыкъаты Вячеслав æмæ Дзампаты Игоры.

Фæцæрынæн æппынкъаддæр цас хъæуы, уыцы бæрæггæнæнтæ дæр снысан кодтой 2026 азмæ  Уæрæсейы Фæллой æмæ социалон хъахъхъæныны министрадимæ цæрджыты социалон-демографион къордтæм гæсгæ. Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй иу адæйма-джы хыгъдмæ бæрæггæнæн индексацимæ гæсгæ фæфылдæр 7 проценты. Уый фадат ратдзæн бирæ бинонтæн, хицæн адæймæгтæн паддзахадон æххуыс райсынæн.

Æмбырды архайджытæ байхъуыстой, нæ респуб-ликæйы бюджет фараст мæймæ куыд æххæстгонд æрцыд, уый тыххæй дзуапдæттæн докладмæ.Афæдзы райдайæнæй бюджетмæ æфтиæгтæ рауадысты 37,1 миллиард сомы, хæрдзтæ та – 38,7 миллиард сомы. Æнæкъуылымпытæй адæм истой æмбæлгæ социалон фиддонтæ, пособитæ. Январæй сентябрмæ социалон къабазæн бахардз кодтой 10 миллиард сомæй фылдæр. Хъалонтæй æфтиæгтæ рауадысты 16 миллиард сомы бæрц.

Экономикон рæзты министр Сокаты Мараты ныхас баст уыд 2024 азы бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайды ахадындзинады бæрæггæнæнтимæ. Мониторингы рæстæг каст цыдис экономикæ, ахуырад, культурæ, спорт, арæзтад, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ æндæр къабæзты рæзтмæ. Ахæм аналитикон
куыст фадат ратта бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн сæ тых æмæ лæмæгъдзинад сбæрæг кæнынæн æмæ дарддæры рæзтæн мадзæлттæ агурынæн.

– Бынæттон хицауады ахадгæ куыстæй аразгæ у нæ хъæутæ æмæ горæтты цард. Махæн нæ иумæйаг хæс у цæрджытæн хæрзвадат æмæ нырыккон уавæртæ аразын. Уымæ гæсгæ сидын бынæттон администрациты разамонджытæм, алы фарстамæ дæр хæдзардзинæй кæсын, – загъта Хицауады Сæрдар.

Сывæллæтты фæллад-уагъды рæстæг цы аттракционтæй пайда кæнынц, уыдоны куыст æмæ сæ техникон уавæрмæ цавæр регионалон паддзахадон цæстдард ис, уый тыххæй радзырдта РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан. Куыд загъта, афтæмæй министрады ис сæрмагонд «Гостехнадзор»-ы хайад, ацы фарстайыл иудадзыг кусынц специалисттæ.

Беслæны социалон-экономикон райрæзты генералон пъланмæ гæсгæ, Рахизфарсы районы бындурон цалцæджы фæстæ кусын райдыдта Фæсивæды галуан. Уый фæдыл
Хицауады Сæрдар фæнысан кодта, арæзт æмæ цалцæггонд кæй цæуынц ахуырады, культурæ, спорт, æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æмæ æндæр ахсджиаг объекттæ.

– Æнæмæнгæй, арха-йын хъæуы, цæмæй кусой æппæт хъарутæй респуб-ликæйы цæрджыты удæнцойæн. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд Уæрæсейы Президент Владимир
Путин
æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фембæлды
рæстæг, – фæбæрæг кодта Дзанайы-фырт.

Хицæн ныхас цыдис федералон проект «Управление рынком труда»-мæ гæсгæ адæмæн куысты бынæттæ дæттыны службæйы рацарæзтыл. Нæ республикæйы алывæрсыг уавæртæ арæзт цæуы стыр инвестицион проекттæн, фæзыны ног
куысты бынæттæ. Уымæ гæсгæ иумæйаг структурæйæн йæ гæнæнтæ дæр фылдæр уыдзысты. Экономикæ куыд дома, афтæ цæттæ кæндзысты дæсны специалисттæ, – загъта Дзанайты Барис.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл.

 

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here