Дзæуджыхъæуы дарддæр архайд цæуы горæты фæндæгты бындурон цалцæгыл. Фæндагаразджытæ ацы бонты кæм кусынц, уыцы бынæттæй иу у Стахановы уынг.
Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы пресс-службæ.
Хорз боныхъæдæй пайда кæнгæйæ, подрядон организаци – æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Дорстрой»-ы специалисттæ уæхскуæзæй бавнæлдтой рацарæзты куыстытæм. Аразджытæ уал ныридæгæн змис æмæ хуырæй бындур æрæвæрдтой ног фæндагæн. Ног бордюртæ кæм равæрдтой, уыцы бынæтты асфальтæй æрæмбæрзтой тротуартæ дæр. Цалцæггæнджытæ базилдзысты хæдзæртты бацæуæнтæм дæр, стæй уынджы нысангонд уаццаг кæрæй-кæронмæ ног асфальтæй саив кæндзысты.
Пресс-службæйы минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Стахановы уынджы бындурон цалцæг фæстаг хатт скодтой 30 азæй фылдæры размæ…
Сыхы цæрджытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгонæй сæмбæлдысты, рагæй цы хъуыддагмæ æнхъæлмæ кастысты, ууыл. Уæззау арæзтадон техникæйы уынæр сæ æппындæр нæ тыхсын кæны… Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, æвæццæгæн, сыхы цæрджытæй иуы тыххæй. Уый у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Дзæуджыхъæуы кадджын гражданин Иван Тимошкин (йæ хæстон машинæ – танк «Т-34» йе ’нусон кадджын бынат бацахста Уæлахизы фæзы).
Æнæмæнг, нæ буц хистæртæн, стæй Стахановы уынджы иннæ адæмæн дæр сæ цæрæн бынаты фæлгонцад уæлдай ахсджиаг кæй у, уый зæрдылдаринаг у. Æмæ ныр сæ уынджы уындæй зæрдæ райдзæн…
Администрацийы минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы азы дæргъы рацарæзты куыстытæ цыдысты (æмæ ма ныр дæр цæуынц) цалдæр горæтаг уынджы уаццæгтыл. Фæндаггон инфраструктурæйы объектты бындурон рацарæзт æмæ фæлгонцадæн 2025 азы æдæппæт дихгонд æрцыд 475 милуан сомы бæрц (республикон æмæ бынæттон бюджеттæй).
Дмитрий АСТАХОВ














