Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæйнаг районы прокуратурæ зылынгæнæн хатдзæг сфидар кодта, сыхаг республикæтæй иуы цæрæг сылгоймаджы ныхмæ цы уголовон хъуыддаг сарæзтæуыд, уый фæдыл.
Гуырысхойаг сылгоймаджы азымджын кæнынц УФ-йы Уголовон кодексы 158-æм статьяйы 3-æм хайы («Кæйдæр исбонады стыр бæрцытæ адавын») бындурыл.
Слестгæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй 2025 азы июлы бонтæй иуы Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынджы фæлладуадзæн тæлмы гуырысхойаг базонгæ бынæттон ацæргæ сылгоймагимæ. Цæстфæливæг йæхи рахуыдта социалон службæйы кусæг æмæ йæ ахæсты бахауæг сылгоймагæн зæрдæ бавæрдта, уæлæмхасæн социалон пособитæ исынæн ын хъæугæ гæххæттытæ кæй сараздзæн, уымæй. Ацæргæ сылгоймаг уыйадыл «социалон кусæджы» йæ фатермæ бахуыдта, цæмæй хъуыддагыл бæстондæр æрдзурой. Сылгоймаджы ныхæстæ æмæ æндæр хъуыддæгтыл ныддаргæ-
йæ, цæстфæливæгæн бантыст фысымы æвæрæнтæ фæкъахын æмæ 625 мин сомы адавын.
Давд æхца гуырысхойаг фæстæдæр схардз кодта йæхи фæндонмæ гæсгæ.
Уыцы цауы фæдыл æппæт слестгæнæн мадзæлттæн аргъ скæнгæйæ, прокуратурæ уголовон хъуыддаг зылынгæнæн хатдзæгимæ æркæсынмæ барвыста Дзæуджыхъæуы Советон районы тæрхондонмæ.
Зæгъын хъæуы, ахæм уголовон фыдракæнды тыххæй аххосджынæн 6 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссæн кæй ис, уый дæр.
РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ














