Ирыстон æмæ Иран: фидæн æмæ нысантæ

0
63

Дыууæ боны ЦИПУ-йы æмбырдтæ аразæн залы цæуы Æппæтуæрæсеон наукон-практикон конференци «Исследование проблем и перспектив распространения русского языка, русской литературы и культуры в Исламской Республике Иран». Конференцийы нысантæ сты, уырыссаг æвзаг, литературæ æмæ культурæйы къабазы ахсджиагдæр фарстатæ Ираны ахæлиу кæнын, уырыссаг æвзаг, куыд фæсарæйнаг, афтæ йæ ахуыр кæнынæн педагогон процессы организацион мадзæлттыл бацархайыны куыст.

Мадзалы архайынц РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Пысылмон Республикæ Ираны минæвар Казем Джалали, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар
Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы национ политикæйы хъуыддæгты фæдыл министр Бæгъиаты Алан, ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан, Пысылмон Республикæ Ираны Аллеме Табатабайы номыл паддзахадон университеты ректор Шоджа Ахмадванд, ахуыргæндтæ, æвзагиртасджытæ, политологтæ, историктæ æмæ методисттæ Бетъырбух, Хъазан, Уфа, Стъарапол, Дзæуджыхъæу æмæ Республикæ Иранæй. Уазджытæ райсомæй дидинджыты бæстытæ сæвæрдтой Хетæгкаты Къоста, Александр Пушкин æмæ, æрæджы Дзæуджыхъæуы кæй бюст байгом кодтой, уыцы персайнаг поэт Фирдоусийы цыртдзæвæнтыл.

Конференцийы райдайæны журналистты фарстытæн дзуаппытæ раттой Сергей Меняйло, Шоджа Ахмадванд æмæ Огъуаты Алан. Нæ республикæйы Сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй ахæм егъау мадзæлттæн стыр ахадындзинад ис хæлардзинады «хидтæ» аразынæн.

– Абон дунейы политикон фæзы цы цаутæ цæуы, уыдоны фæстиуджытыл хъуыдыгæнгæйæ, архайын хъæуы, немæ хæларæй цæрын кæй фæнды, уыцы адæмтимæ бастдзинæдтæ дарыныл, кæрæдзийы хуыздæр базоныныл, нау-
кон æмæ культурон къабæзты кæрæдзийæн фæлтæрддзинад æргом кæнын. Пысылмон Республикæ Иранимæ не ‘хсæн хæлар ахастдзинæдтæ раджы сæвзæр-
дысты. Мах дæр ныр уыдоны хуызæн уавæры стæм, санкциты ахæсты стæм, Иран та 40 азы блокадæйы, фæлæ нæ ныфс нæ асаст. Уыдтæн сæм уазæгуаты Ирайнаг-Уырыссаг фембæлдтыты, ис мын дзы хæлæрттæ, æмæ дис кодтон, уыцы уавæры дæр сæм бæрзонд технологитæ, ахуырад æмæ иннæ социалон къабæзты рæзт куыд уæрæх у, ууыл. Абоны конференци дæр уымæн æвдисæн у, нæ хæлардзинад фидардæр кæй кæны, нæ интерестæ иумæйаг кæй сты, Ираны уырыссаг æвзагмæ цымыдисдзинад тынгæй-тынгдæр кæй рæзы. Канд уырыссаг нæ, фæлæ се ‘ргом аздæхтой Ирыстонмæ дæр, ирон æвзагмæ. Æрæджы Ираны байгом кодтой Хетæгкаты Къостайы бюст, Дзæуджыхъæуы та – персайнаг поэт Фирдоусийы бюст. Къостайы сфæлдыстад дунейы бирæ æвзæгтæм тæлмацгонд æрцыд, ис нæ республикæйы, æфсымæрдзинады хъуыддæгты архайгæйæ, æнтыстджын бæрæггæнæнтæ кæй къухы бафтыд, ахæм культурон æхсæнад «Иран-Ирыстон». Уымæ гæсгæ, абон канд уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы фарстатыл нæ дзурдзыстæм, фæлæ ирон æвзаджы хъысмæтыл дæр, кæрæдзийы культурæ æмæ традицитæ хуыздæр базоныны хъуыддæгтыл. Уæвгæ, нæ традициты иумæйагæй бирæ цыдæртæ ис. Алкæмæ дæр нæ ис, цы равдисæм æмæ цы радзурæм, уый, – загъта Сергей Меняйло.

Пысылмон Республикæ Ираны Аллеме Табатабайы номыл паддзахадон университеты ректор Шоджа Ахмадванд арфæтæ ракодта Сергей Меняйло æмæ Огъуаты Аланæн, ахæм фембæлдтытæн фадæттæ кæй аразынц æмæ архайынц хæлар ахастдзинæдтæ не ‘хсæн тауыныл, уый тыххæй.

– Æз фыццаг хатт æрцыдтæн Цæгат Ирыстонмæ æмæ федтон мæхи цæстытæй, куыд аив, рæсугъд æмæ цымыдисаг горæт у Дзæуджыхъæу, адæмæн дзы цæрынмæ тынг хорз уавæртæ кæй ис, уый. Мах рагæй æмгуыст кæнæм Хетæгкаты Къостайы номыл университетимæ, æмæ мын æхсызгон у, ахæм гæнæнтæ нын кæй ис наукæ, ахуырад æмæ культурæйы фарстаты иумæ архайынæн. Нæ политикон ахастдзинæдтæ дæр фидардæр кæнынц культурæйы фæрцы. Культурæйы бындур нын дæтты бирæ фадæттæ нæ рæзгæ фæлтæры æфсымæрдзинады тæгтæй бæттынæн дæр, – загъта ирайнаг уазæг.

Огъуаты Алан та радзырдта, Республикæ Ираны Аллеме Табатабайы номыл университетимæ æмгуыст кæй кæнынц 2016 азæй фæстæмæ, уый тыххæй.

– Иумæ æххæст кæнæм цалдæр программæйы нысантæ уырыссаг æвзаджы рæзт æмæ историон ахуырады фарстаты фæдыл. Уырны мæ, фидæны, уыцы программæйы арæнтæ уæрæхдæр кæй фæуыдзысты æмæ ма сæм кæй бафтдзæн экономикæ, логистикæ æмæ туризмы къабæзтæ дæр. Нæ студенттæ арвитæм Иранмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ, Иранæй та æрбарвитынц ардæм. Æмæ уый вазыгджын санчъех у. Абоны онг 12 студенты ацыдысты практикон ахуыртæ Алламе Табатабайы номыл университеты, æмæ дарддæр дæр архайдзыстæм, цы фæндаг равзæрстам Иранимæ иумæ, ууыл хæлар æмæ æнгомæй цæуыныл, – загъта ЦИПУ-йы ректор.

 

Саутæты Тамилæ,
къам систа Татьянæ
Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here