Сыгъзæрин майдантæ – Æппæтуæрæсеон ерыстæй

0
61

Аивадон гимнастикæйæ Налцыччы цы Æппæтуæрæсеон ерыстæ цыдысты, уым æнтыстджын рауад ирыстойнаг чызджыты архайд.

Командон ерысты ирыстойнаг чызджытæ 1-аг бынæттæ рамбылдтой 1-аг спортивон разряды программæ æмæ спорты мастерты программæйæ ерысты.

1-аг спортивон разряды домæнтæй ерысы уæлахиздзаутæ систы: Болататы Валерия, Нигколты Алисæ, Кобесты Александ-рæ, Самирæ Гаджиева æмæ Ангелинæ Чараева. Спорты мастерты прог-раммæйæ та 1-аг бынат рамбылдтой: Гаджиты Дзерассæ, Тедеты Алисæ, Хъæстуаты Эмилия, Къуылыхты Аланæ, Гæбуты Арнела æмæ Анастасия Суркова.

Нæ чызджыты ерыстæм бацæттæ кодтой тренертæ: Санаты Эммæ, Ольгæ Зиновьева, Иринæ Золоторева.

Хицæн спортсменты ’хсæн спорты мастертæм кандидаты программæйæ 1-аг бынат рамбылдта Кцойты Софиа, 3-аг бынат та бацахста Цыбырты Агуындæ. Ерыстæм сæ бацæттæ кодта тренер Алия Апакова.

Ацы бонты ма аивадон гимнастикæйæ хорз æнтыстдзинад равдыста тренертæ Кодзаты Юлия æмæ Евгения Финкельштейны хъомылгæнинаг Бетрозты Елизаветæ. Мæскуыйы облæсты, горæт Люберцыйы цы Æппæтуæрæсеон турнир цыди, уым Елизаветæ рамбылдта сыгъзæрин майдан.

 

РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here