Советы сæрдар равзæрстой

0
63

Дзæуджыхъæуы знон цыдис республикæйы Ветеранты советы IX дзуапдæттæн-æвзарæн конференци. Архайдтой дзы республикæйы Хицауады, Парламенты минæвæрттæ, конференцийы делегаттæ алы районтæй. Æмбырд амыдта РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдар, булкъон Фриаты Хъазыбег.

Конференцийы архайджытæн зæрдиаг арфæ ракодта нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

– Ирыстоны дзыллæтæн æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу, Уастырджимæ кувæн къуыри, алы хæдзарæн, алы бинонтæн амонд, фарн, сабырдзинад æрбахæссæд. Нæ
хæстон лæппутæй алчидæр йæ къонайыл дзæбæхæй сæмбæлæд! Æгайт-ма нæ республикæйы ис ахæм æхсæнадон организаци – Ветеранты совет. Уæ цард, уæ фæлтæрддзинад фæзминаг сты бирæтæн. Кæм цæрут, кæм кусут, уым уын ис кад, уæ алфамблай дунемæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсут. Уымæй уæлдай, нæ буц хистæртæ, кæнут стыр хъомыладон-патриотон куыст фæсивæдимæ. Афтæ уыд кæддæриддæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæцис, уæд зын уавæрты хæсты, фæллойы барадхъахъхъæнæг оргæнты ветерантæ стыр æвæрæн бахастой нæ бæстæйы историмæ. Азтæ тагъд тæхынц, абон мæхæдæг дæр нымад дæн æфсады ветераныл. Фæлæ алы карæнæй дæр мах иууылдæр стæм Фыдыбæстæйы патриоттæ, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй царды уыдзæн хорзæрдæм ивддзинæдтæ, рæзгæ фæлтæримæ дарддæр цæудзæн хъомыладонпатриотон куыст. Уымæн æвдисæн – цыбыр рæстæгмæ нæ скъолаты кæй кусы 50-йæ фылдæр кадетон къласы. Рохуаты никуы уыдзысты, алы мыггаг дæр сæрбæрзонд кæмæй у, хæсты уыцы архайджытæ. Нæ хъæбатыртæн сæ хуызистытæ хъуамæ уой скъолаты, уыдоны æмрæнхъ та уыдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ.

– Уæ фæлтæрддзинад, уæ хъару, цардбæллондзинад абон æнæмæнг хъæуынц фæлтæрты ’хсæн бастдзинад фæфидар кæнынæн. Уырны мæ, алы хъуыдда-джы дæр нæ фарсмæ кæй уыдзыстут, нæ ныхас, нæ хъуыддæгтæ æхсæнадæн пайдайаг кæй уыдзыс-ты. Бузныг уæ архайдæй, æнæниз æмæ зæрдæрухс ут, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Æмбырды архайджытæ байхъуыстой Ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбеджы дзуапдæттæн раныхасмæ. Цы бантыст саразын советы уæнгтæн ивгъуыд фондз азы дæргъы, куыд æххæстгонд æрцыдысты «Ветеранты тыххæй» федералон закъоны домæнтæ нæ республикæйы – ацы æмæ æндæр  фарстатыл цыдис бæстон ныхас.

– Нæ ветеранты организацийы куысты сæйраг нысан баст уыдис, фыццаджыдæр, пенсиисджыты, хæсты  æмæ фæллойы, Гæрзифтонг æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты ветерантæн сæ граждайнаг æмæ социалон-экономикон бартæ бахъахъхъæнынимæ, сæ царды уавæртæ фæ-хуыздæр кæнынимæ, уыимæ, цæрджыты, уæлдайдæр фæсивæды патриотон хъомыладон куыст æмæ ветеранты рæнхъытæ фидар кæнынимæ. Ивгъуыд рæстæг нæ размæ æвæрд фарстатæ æххæст кодтам нæ бæстæйы æмæ республикæйы ног уавæрты, ног реформæты æууæлты, – загъта Фрийы-фырт.

Куыд фæнысан кодта, афтæмæй юбилейон аз хорзæрдæм ивддзинæдтæ æрцыд социалон къабазы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæй алкæмæн дæр раттой фатертæ. Пенситы бæрц сырæзыд, æмæ йæ æнæкъуылымпыйæ дæттынц, хæсты æмæ æфсæддон службæйы архайджытæн ис уæлæмхасæн фиддонтæ.

– Æнгом æмгуыстад кæнæм Æппæтуæрæсеон æхсæнадон ветеранты организациимæ, министрадты, ведомствæты, бынæттон организациты разамонджытимæ, – загъта Ветеранты советы сæрдар. Нæ басусæг кодта куысты хъæндзинæдтæ дæр. Зæгъæм, адæм арæх хъаст кæнынц, хъæугæ хостæ афойнадыл кæй нæ исынц, стæй медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадыл. Бирæ ис лыггæнинаг фарстатæ, æмæ сыл дарддæр дæр цæудзæн иудадзыг куыст.

Конференцийы архайджытæй алкæмæн дæр фадат уыдис йæ хъуыдытæ, йæ фиппаинæгтæ зæгъынæн.

Кæронбæттæны иумæйаг хъæлæстæй 2030 азы æмгъуыдмæ РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдарæй равзæрстой Фриаты Хъазыбеджы.

Гугкаты Жаннæ, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here