Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз программæ «Хъæууон дохтыр»/«Хъæууон фелсыр»-мæ гæсгæ, нæ республикæйы хъæууон районты кусын райдыдтой фынддæс адæймаджы.
«Дохтыртæ проекты архайыны тыххæй райсынц фæйнæ милуан, астæуккаг къорды специалисттæ та – фæйнæ фондзсæдæ мин сомы. Фæлтæрдджын, стæй æрыгон специалисттæм дæр ис проекты архайыны бар. Программæ кусын цы бон райдыдта, уыцы бонæй нырмæ дзы архайынц æртæсæдæ цæгатирыстойнаджы. Адонæй иу у Мæздæджы районы центрон рынчындоны дохтыр-терапевт Аннæ Кирикова. Æрвылбон ссæдз адæймаджы бæрц дохтырмæ æххуысы фæдыл бахатынц.
Фидыды æууæлтæм гæсгæ, медикты хæс у фондз азы дæргъы хъæуы бакусын, фæлæ специалисттæй бирæтæ амынд æмгъуыды фæуды фæстæ дæр хъæуты баззайынц. Программæ «Хъæууон дохтыр»/ «Хъæууон фелсыр»-ы фæрцы нын нæ дохтыртæн баххуыс кæнын æмæ хъæуты цæрæг адæмæн медицинон æххуысы хæрзхъæддзинад фæнывыл кæныны фадат кæй ис, уымæй райгонд дæн», – фыст ис хъусынгæнинаджы.
Саутæты Тамилæ














