Æхсæнадон фæлладуадзæн бынæттæ

0
91

2025 азы Дзæуджыхъæуы фæлгонцадон куыстытæ æххæстгонд æрцæудзысты 18 æхсæнадон фæлладуадзæн тæлмы. Уыимæ, уыдонæй 16 объектыл нысангонд куыстытæ ныридæгæн ахицæн кодтой.

Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы пресс-службæ.

Администрацийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, бындурон цалцæджы пълантæ аразгæйæ, хыгъд цыдысты бынæттон цæрджыты фæндæттæ дæр.

Хъесайы-фырты уынджы Терчы былгæрон фæлладуадзæн тæлм, Галковскийы, Куйбышевы æмæ иннæ уынгты сквертæ æмæ иннæ æхсæнадон бынæттæ раздæрау сæ хуыз скалдтой: рафидыдтой ног къæйдур æмæ асфальтæй, аив бандæттæ æмæ цырæгътæй…

Цалцæггæнæн куыстытæ ма цæуынц Шмулевичы уынджы фæлладуа-
дзæн тæлм æмæ инæлар Плийы-фырты цыртдзæвæны алыварс фæзуаты.

Фæлгонцадон куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы фæлгæты.

Æмткæй райсгæйæ, 2019 азæй нырмæ Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты рацарæзтой 200 æхсæнадон фæлладуадзæн фæзуатæй фылдæр.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here