Фæззæджы фæстаг мæйы кæрон бирæ дзыллæтæ хистæрæй-кæстæрæй рухс зæрдæтимæ сбæрæг кæнынц Мады бон. Алчидæр фæархайы йæ ныййарæг мадæн æхсызгон лæвар скæныныл. Мады цæстæнгас дæ куыд барæвдауа, йæ фæлмæн мидбылхудт дæ куыд батава, афтæ дæ ницы барæвдаудзæн. Райгуырæн бæстæ, фыдæлты зæххимæ 1ын уымæн барæм йæ ном. Ирыстоны мадæлтæ дæр рухс зæрдæтимæ æмбæлынц сæ кадджын бæрæгбоныл.
Хорз æфсин, ныййарæг, къонайы хъарм хъахъхъæнæг, хæдзары бæркадаразæг æмæ амондхæссæг у, кæмæй фæзæгъынц, Рассветы хъæуы бирæ ахæм фæзминаг сылгоймæгтæ ис. Уыдонæй иу Тотраты-Туаты Фатимæ. Йæ хъысмæт цымыдисаг æмæ цардфæлварæн у.
Фатимæ райгуырд Хуссайраг поселочы сæрмæ хъæу Чернореченскы. Æнгом æмæ фæллойуарзаг бинонтæн сæ кæстæртæ дæр уыдысты æнæзивæг æмæ фæзминаг.
– Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ уыдтон, мæ хистæртæ куыд бæстонæй архайдтой нæ бинонты цард хуыздæр кæныныл, уый. Уыдон мах ахуыр кодтой ирон æгъдауыл, æфсарм æмæ уæздандзинадыл, – зæгъы Фатимæ.
Фæлæ сæ амонд хæрз цыбыр разынд. Уæззау низы уацары бахауд сывæллæтты фыд æмæ бирæ нал ацард. Æртæ чызджы æмæ лæппу сидзæрæй баззадысты сæ мадимæ.
Куыд хуыздæр у, ууыл архайгæйæ, ныййарæг куыста æхсæвæй-бонæй, йæ кæстæрты ахуырмæ ратта Джызæлы скъола-интернатмæ.
– Ме ‘рыгон бонты æхсызгондæр мысинæгтæ баст сты уыцы рæстæгимæ. Диссаджы хорз ахуыргæнджытæ нын уыдис – Гæвдынты Зæирæ, Къубалты Заремæ æмæ иннæтæ. Уæд мæхицæн фидарæй загътон, æз дæр ахуыргæнæг кæй уыдзынæн. Фыццаг аз хъуыддаг нæ сырæзыд, æмæ мæ гæххæттытæ балæвæрдтон полиграфион училищæмæ, цасдæр бакуыстон Мидхъуыддæгты министрады типографийы, фæлæ мæ сабибонты бæллиц – ахуыргæнæг суæвын рох нæ уыдис. Куыд фæзæгъынц, фæндтæ Хуыцаумæ сты, – дзуры Фатимæ.
Арæх-иу уыдис Туаты чызг уазæгуаты Рассветы хъæуы йæ фыдыхомæ, Бирæгъты бинонтæм. Уæздан, хæрзконд æмæ æнæзивæг чызгыл йæ цæст æрæвæрдта хъæуккаг лæппу Тотраты Аркади, æмæ 1992 азы Фатимæ фарны къах æрбавæрдта йæ ног хæдзармæ. Уайтагъд йæхи бауарзын кодта хиуæттæн, сыхбæстæн. Æрыгон бинонтæм цард мидбылты худтис, сæхи хъарутæй дардтой сæ хæдзар, кодтой цæхæрадон æмæ фосы куыстытæ, цин кодтой се ‘ртæ кæстæрыл. Фæлæ, хурбон арв куыд ныннæра, афтæ æрцыд æнамонд хабар: æвзæр низæй фæрынчын Аркади æмæ йын дохтырты хос дæр нал баххуыс.
Хистæр чызгыл уæд 13 азы цыдис, лæппутыл та 10 æмæ 4 азы æрмæстдæр, афтæмæй æнæ фыдæй се ‘рыгон мады бар баззадысты. Фæлæ фæлмæнзæрдæ Фатимæ хъæддых фæлæууыд йæ хъысмæты ныхмæ, архайдта йæ хъæбулты царды раст фæндагыл сæвæрыныл.
– Æнæкæрон бузныг дæн бирæ адæмæй: Тотраты мыггагæй, хиуæттæй, сыхбæстæй, уæд нæ фарсмæ цæстуарзонæй чи æрбалæууыд, уыдонæй. Æнæ цардæмбалæй æртæ æнахъом сабийы хæссын æнцон нæ уыдис, æмæ куыстмæ рацыдтæн нæхи скъоламæ æфснайæгæй, уыдтæн постхæссæг дæр. Уый фæстæ нæ скодтой Æрыдоны фыцццæгæм скъолайы дæлхайад, сывæллæтты ластой автобусæй дыууæрдæм, æз та, куыд хистæр, афтæ семæ цыдтæн. Уый уыдис фыццаг къахдзæф мæ бæллицмæ. Хъомылгæнæгæй кусын райдыдтон æмæ фæсаууонмæ ахуырмæ бацыдтæн. Æртын азы фæстæ та ногæй Дзæуджыхъæуы педагогон институты дуармæ æрлæууыдтæн. Тынг разæнгардæй ахуырмæ цыдтæн, мæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кодтон. Бузныг зæгъын, чи мын баххуыс кодта, чи мæ сразæнгард кодта, уыдонæн, – æхсызгонæй мысы Фатимæ.
Ныййарæг царды хæзнатæй хъæздыг куы вæййы, уæд йæ кæстæртæ дæр уыцы хорз миниуджытæ семæ царды фæндагмæ рахæссынц, сæ алы къахдзæф сæ хистæрты зондæй баргæйæ. Хæдзары хистæр уæвгæйæ, Фатимæ уыд хæларзæрдæ, адæмæн хæрзты бацæуын йæ хæсыл нымадта.
Фæзминагæй бахъомыл сты Тотраты кæстæртæ. Аланæ æнтыстджынæй каст фæцис Хæххон аграрон университет, йæ амонд ссардта Хъуысаты мыггаджы. Йæ фыды хæдзарæй цы хорз æгъдау, æфсарм, ирондзинад рахаста, уый йын æххуыс у йæ дарддæры царды.
Хистæр лæппу Азæмæт сахуыр кодта Æфсæнвæндаджы техникумы, æфсады службæйы фæстæ кусы мидхъуыддæгты оргæнты, райста юристы дæсныйад дæр.
Кæстæр, Алыксандр та кусы технологæй бæгæныфыцæн компани «Бавария»-йы, ис æм Аграрон университеты диплом.
Мадæн æппæты æхсызгондæр вæййы йæ кæстæрты амонд. Йæ алыварс куы амбырд вæййынц, уæд йæ зæрдæ барухс вæййы.
– Мæ дзæбæх сыхбæстæн арфæ кæнын, уæлдайдæр та Тотраты-Хæдарцаты Зæлинæйæн, Бирæгъты Валерикы бинонтæн, Бедойтæ, Узегатæ, Фидаратæ, Гулитæ, Къадзатæ, Гаппуатæ æмæ иннæтæн, иууылдæр цардæфсæст уæнт, – зæгъы мæ ныхасæмбал.
Ныртæккæ Фатимæ кусы Дзæуджыхъæуы 39-æм астæуккаг скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæгæй, сæ коллективы разамонæг Кочиты Иринæимæ сывæллæтты хонынц ахуыры бæрзæндтæм. Кæд йæ куыст горæты ис, уæддæр йæ зæрдæ никуы сивта йæ хъæубæстыл. Райсомæй æнæзивæгæй цæуы йæ куыстмæ, дыккаг мад кæмæн у, уыцы сабитæм, изæрыгон та тагъд кæны йæ хæ-
дзармæ, йæ уарзон кæртмæ. Уый амонд у, фæзæгъынц.
Гугкаты Жаннæ














