Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы Хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районтæ æмæ муниципалон скондты разамонджытæ.
Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнты тыххæй доклад бакаст Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы оперативон уавæр у нывыл.
– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц æрвылбоны цæттæдзинады фæткмæ гæсгæ. Транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуынæн. Арвыкомы фæндагыл ацæуынмæ æнхъæлмæ кæсынц 1830 уæзласæн автотранспортон иуæджы, уыдонæй 2125 – сæрмагонд бынæтты. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 17200 автотранспортон иуæджы æмæ 36350 адæймагæй фылдæр, – загъта Томайы-фырт.
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, фæстаг къуырийы дæргъы республикæйы сæрмæ æрæппæрстой дыууæ БПЛА-йы. Оперативон уавæрмæ цæуы лæмбынæг цæстдард.
Сергей Меняйло аппаратон æмбырды республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрадæн бахæс кодта коммуналон куыстыты фæстæ фæндæгты уавæр банывыл кæнын. Ноджы ма регионы разамонæг бафæдзæхста, цæрæнуатон-коммуналон хызы цы аваритæ æрцыд, уыдон сбæрæг кæнын, цæмæй Ног азы бæрæгбоны рæстæг ахæм къуыхцытæ мауал æрцæуа. Профилон министр Хъараты Тимурæн бафæдзæхста радгæсты график бацæттæ кæнын.
Республикæйы «Роспотребнадзор»-ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны фæзындысты гриппæй рынчынтæ, ОРВИ-йæ рынчынты нымæц дæр зынгæ фæфылдæр. Ивгъуыд къуыри медицинон уагдæттæм дохтыры æххуысмæ чи бадзырдта, уыдонæн сæ 70 проценты уыдысты сывæллæтты тыххæй. Уы-
имæ, РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады информацимæ гæсгæ, республикæйы ОРВИ, кæнæ гриппы аххосæй карантины æхгæд иу скъола æмæ рæвдауæндон дæр нæй. Ноджы ма РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фехъусын кодта, Ног азы бæрæгбæтты рæстæг рæвдауæндæтты радгæсы къордтæ кæй нæ уыдзæн, уый.
Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ, 22 сывæллоны Цæгат Ирыстонæй ацæудзысты Мæскуымæ Ног азы Кремлы назбæласмæ.
Республикæйы Сæргълæууæг ма Хицауады æмбырды къорд министрадæн бахæс кодта
Ног азы бæрæгбæтты цы мадзæлттæ арæзт цæудзæн, уыдоны æдасдзи-
надмæ фылдæр æргом аздахын. Алыхуызон рæмудзæн æрмæджыты æнæзакъон уæй ма æруадзын. Бæрæгбæтты рæстæг тагъд æххуысы æмæ травмпунктты куыст бацæттæ кæнын.
Сергей Меняйло ма аппаратон æмбырды бахæс кодта, республикæйы вейптæ уæй кæныны ныхмæ закъоны проект бацæттæ кæнын. Куыд загъта, уымæ гæсгæ ахæм закъоны проекттæ сæ тыхы бацыдысты Уæрæсейы бирæ регионты.
Нæ горæты цæрджытæ хъаст кæнынц, ресторантæ æмæ æндæр хæрæндæттæй æнафоны музыкæ кæнæ хъаугъа кæй фæхъуысы, уымæй. Регионы
разамонæг уый фæдыл бахæс кодта фæцыбырдæр кæнын хæрæндæтты
куысты рæстæг.
Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














