Национ проект «Цардæн инфраструктурæ» æххæст кæнгæйæ, ацы аз цæгатирыстойнаг фæндагаразджытæ æппæтæй дæрддзæфдæр Мæздæджы район Цæгат Ирыстоны сæйраг горæтимæ бæттæг регионалон фæндаг «Мæздæг-Черменыхъæу-Дзæуджыхъæу»-ы хай сцалцæг кодтой.
84 километры дæргъæн ацы фæндаг дыу-уæ сыхаг республикæйы – Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы – фæзуæтты кæй цæуы, уымæй хицæн кæны иннæтæй. Мæздæджы райдайæг фæндаг 18,997 километрæй 54,972 километры онг цæуы Мæхъæлы Республикæйы фæзуатыл, фæстаг 29 километры та фæндаг ногæй цæуы Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районыл. Сыхаг республикæйыл цæуæг фæндаг «Мæздæг-Черменыхъæу – Дзæуджыхъæу»-ыл Мæздæджы районæй Ирыстоны центрон районтæм ласынц алыхуызон продукци æмæ бæлццæтты.
Æххæстæй Цæгат Ирыстоны фæзуатыл чи цæуы, 2019-2020 азты Хурыхъæ-
уæй Мæлгъæвæг æмæ Мæздæджы онг фæндаг «Кавказ»-ы рацарæзты фæстæ Мæздæг æмæ Дзæуджыхъæуы ‘хсæн фыццаг хатт фæзынд ахæм фæндаг. Фæлæ цæгатирыстойнæгтæ Мæздæгæй Черменыхъæуыл Дзæуджыхъæумæ цæуæг фæндагыл парахатæй кæй цæуынц, уый нымайгæйæ, фæстаг рæстæг амынд фæндаджы, æмткæй райсгæйæ, 10,5 километры дæргъæн хæйттæ цалцæггонд æрцыдысты.
Ацы аз акционерон æхсæнад «Моздокское ДРСУ»-йы фæндагаразджытæ Мæздæгæй Мæхъæлы Республикæйы арæны онг фæндаджы хайыл цалцæггæнæн куыстытæ баххæст кодтой, фæндаджы бындур хуырæй фæфидар кодтой, фæндаггæрæттæ аивгонд æрцыдысты, фæндагыл асфальт-бетон змæсты дыууæ фæлтæры æрæвæрдтой, фæндаджы уæлцъарыл æмбæлгæ нысантæ скодтой.
Амынд куыстытæ конд кæй æрцыдысты, уый фæрцы Мæздæгæй Черменыхъæуыл Дзæуджыхъæумæ цæуæг фæндаджы 19 километры дæргъæн хай æххæстæй цалцæггонд æрцыд. Регионалон æнцойадон хызæджы номхыгъдмæ кæй бахас-
той, æххæстгонд цалцæггæнæн куыстыты фæрцы транспорт фæндаджы уыцы хайыл цæуы раздæрæй удæнцойдæр æмæ æдасдæр уавæрты.
Иннæ азты дæр ацы фæндаг нормативон уавæры онг бахæццæ кæныны фæдыл куыстытæ дарддæр æххæстгонд цæудзысты. Фæндаггон хæдзарады комитеты зæрды ис, Мæздæгæй Черменыхъæуыл Дзæуджыхъæумæ цæуæг фæндаджы 3,2 километрыл цæугæдон Терчы сæрты хид саразын. Ныридæгæн æхцайæ æфсисады гуырæнтæ бæлвырдгонд æрцыдысты æмæ, нырыккон домæнты аккаг чи у, иннæ аз 238 пъагонон метры дæргъæн уыцы хиды рацарæзт æххæст кæнын райдайдзысты. Æртæ азмæ хиды арæзтад кæронмæ ахæццæ кæнынмæ хъавынц.
Хæстæгдæр азты дæргъы нæ республикæйы фæндæгтæ æмæ хидтæ нывыл кæндзысты национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ.
РЦИ-Аланийы
Фæндаггон хæдзарады комитеты пресс-службæ














