Цæгат Ирыстоны цæрджыты фæрстытæ æмæ курдиæттæн – РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы бæстон дзуаппытæ

0
48

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН 3 декабры уыд «комкоммæ бастдзинад» Цæгат Ирыстоны цæрджытимæ. Телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы комкоммæ эфиры республикæйы Сæргълæууæг бæстон æмæ æппæтвæрсыг дзуаппытæ лæвæрдта регионы цæрджыты бирæ фарстытæн. Республикæйы разамонæгæн адæмимæ ахæм фембæлд арæзт æрцыд ныр фæндзæм хатт.

Дæлдæр мыхуыр кæнæм цыбыр афæлгæст, «комкоммæ бастдзинады лини»-йы ныхас цы ахсджиаг фарстатыл рауад, ууыл цыбыргонд афæлгæст.

 

Абайты Васойы кадæн…

Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы аз стыр ахуыргонд, профессор Абайты Васойы райгуырдыл æххæст кæны 125 азы. Ахуыргонды ном сæнусон кæныны нысанимæ бындур æвæрд æрцыд сæрмагонд фондæн. Уыцы организацийы сæйрагдæр нысан у
Васойæн Дзæуджыхъæуы цырт-
дзæвæн сæвæрын.

Ацы проекты фарс чи рахæцыд, фидæны цыртдзæвæны арæзтады фондмæ фæрæзтæ чи барвыста, æппæт уыцы адæмæн Сергей Меняйло бузныг загъта, æмæ фехъусын кодта, æхца æмбырд кæныны сæр дарддæр кæй нал бахъæудзæн, уый.

– Цыртдзæвæн арæзт æмæ æвæрд æрцæудзæн республикæйы бюджеты хардзæй. Культурæйы министрадæн хæс кæнын, цæмæй фарстамæ йе ’ргом аздаха æмæ хъуыддаг фæрæвдздæр уа. Фидæны цыртдзæвæны бынат сбæлвырд кодта Дзæуджыхъæуы топонимикон къамис – Коцойы-фырты уынджы Терчы былгæронмæ ’ввахс, – загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Уымæй уæлдай, регионы разамонæг фæндон бахаста, цæмæй, абоны онг цыртдзæвæны фондмæ цы æхца (1 милуан сомæй фылдæр) бамбырд, уыдон хардзгонд æрцæуой Васойы наукон фæллæйттæ ногæй мыхуыры рауадзыныл.

Цæрæнуæттæ æмæ регионы комплексон райрæзт

«Комкоммæ бастдзинады лини»-йы фарстытæй иу баст уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн цæрæнуæттæ дæттынимæ.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй адæмы ацы къорды минæвæрттæн æппæтфадатджын цæрæнуæттæ дæттыны нысанимæ фидаргонд æрцыд сæрмагонд республикон программæ. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй уый фæлгæты фыццаг цæрæнуатон комплекс аразын райдайдзысты Ногиры хъæумæ ’ввахс. Фæстæдæр ахæм комплекстæ фæзындзысты Цæгат Ирыстоны æппæт районты дæр.

– Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ адæмы æндæр къордтæн уыдзæн асламдæр аргъæй хи хæдзар (зæххы хайимæ) балхæныны фадат. Йæ фæзуат 75-95 квадратон метры кæмæн уа, уыцы хæдзары аргъ æппæты фылдæр уыдзæн 6,5 милуан сомы бæрц. Уыимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн ахæм хæдзæрттæ балхæнынæн феххуыс уыдзæн цæрæнуатон субсиди республикон бюджетæй фæйнæ 2 милуан сомы бæрцæй.

Адæмы фарстыты иу хай баст уыд проект «Долина Симд»-имæ дæр.

– «Долина Симд» у регионы дарддæры комплексон райрæзты ахадгæдæр проекттæй иу. Амынд проекты сæйраг хицæндзинад уый у, æмæ цæрæнуæттимæ уыцы-иу рæстæг арæзт цæудзæн æппæт хъæугæ иннæ социалон инфраструктурæ дæр. Республикæйы ног фæзуæтты дарддæры райрæзтыл бæстон бакусын хъæуы, æмæ уыцы архайд цæудзæн комплексон уагыл. Акæсут-ма: хæдзæрттæ – бирæ, квадратон метртæ – дæр афтæ… Фæлæ сæ фарсмæ нæдæр скъолатæ æмæ рæвда-
уæндæттæ ис, нæдæр æндæр социалон объекттæ. Комплексон райрæзты проекттыл кусгæйæ, уыцы аиппытæн бынат нал уыдзæн, – бафиппайдта Сергей Меняйло.

Транзитон хæдтулгæтæ – æрмæстдæр горæтты иувæрсты

Дзæуджыхъæуы цæрджытæй иуы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, республикæйы разамонæг бæстон æрлæууыд, транзитон транспорты змæлд фæнывылдæр кæныныл куыст куыд цæуы, ууыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй фæстаг рæстæг федералон фæндæгтæм ’ввахс цалдæр раны фæзындысты транзитон транспортæн рæстæгмæ æрлæууæн бынæттæ. Фæлæ Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, уыдон фаг не сты.

– Уæрæсейы Транспорты министрадимæ баныхас кодтам, транзитон транспортæн ахæм æрлæууæн бынæттæ кæй фæфылдæр уыдзысты, ууыл. Æппæт транзитон транспорт дæр хъуамæ цæуа горæттæ æмæ иннæ цæрæн бынæтты иувæрсты – ахæм фæтк йæ тыхы бацæудзæн 2030 азы онг. Уæдмæ та уал гæнæн æмæ амалæй архайд цæудзæн, цæмæй уæззау транзитон транспорт къаддæр тыхстдзинæдтæ æвзарын кæна нæ горæттæ æмæ хъæуты цæрджытæн, – зæрдæ бавæрдта регионы разамонæг.

Æхсæнадон транспорты лæггæдтæ

Адæмы фарстыты иу хай баст уыд æхсæнадон транспорты куысты къуыхцытимæ, бæлццæттæ ласæн архайд фæхуыздæр кæнынимæ.

Уыдæттыл дзургæйæ, Сергей Меняйло Транспорты республикон комитеты разамындæн бахæс кодта, цæмæй ахъуыды кæна Дзæуджыхъæуы Доваторы проспектыл (Барбашовы уынгæй Цоколайы-фырты уынджы онг), стæй æндæр бынæтты ног маршруттæ ауадзыныл. Уымæй уæлдай, комитетæн амынд æрцыд, цæмæй аргъгонд æрцæуа, Дзæуджыхъæуæй Беслæны аэропортмæ цы маршрут кусы, уый цас пайдайаг у, уымæн.

– Бæстон æркæсут, горæтæй аэропортмæ цæуæг автобусæй бæлццæттæ куыд пайда кæнынц, уымæ. Уавæр кæм домы, уыцы маршруттыл фæфылдæр кæнут автобусты нымæц, – бафæдзæхста Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Æхсæнадон транспорты лæггæдтæ фæнывылдæр кæныны тыххæй Сергей Меняйло профилон ведомствæты разамонджытæн ратта æндæр амынддзинæдтæ дæр.

Стадион «Спартак»-ы цæттæдзинад

Дæргъвæтин рæстæг цалцæггонд цы республикон стадион цæуы, уый уавæрыл дæр ныхас рауад.

Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, техникон æгъдауæй «Спартак» цæттæ у, тагъд рæстæг æй кусынæввонг скæндзысты.

Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги куыд фæбæлвырд кодта, афтæмæй 15-20 декабры сæрмагонд къамис хъуамæ сфидар кæна стадионы цæттæдзинады акттæ. Уый фæстæ «Спартак» эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн.

Сергей Меняйло йе ’ргом аздæхта футболон клуб «Алания»-йы хъысмæтмæ дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг фембæлдзæн футболон клуб æмæ сывæллæтты-фæсивæды спортивон скъолаты разамонджытимæ: «Нæ курдиатджындæр сывæллæттæ хъуамæ ахуыр кæной Футболы академийы, уырдыгæй та сæ фæндаг хъуамæ уа командæ «Алания»-мæ».

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатæ

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады инфраструктурæйы объектты уавæрыл дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Уæллаг Фыййагдоны пульмонологон центры ног бæстыхайы арæзтад райдайдзæн фидæн азы.

– Уæрæсейы Президентимæ фембæлдтытæй иуы Фыййагдоны пульмонологон центры рацарæзты тыххæй фарста сæвæрдтон. Æмæ ныр нæ къухы бафтыд уыцы фарста боны фæткмæ рахæссын. Центры модернизацийы проекты техникон хæслæвæрды хыгъд æрцыдысты æппæт нырыккон домæнтæ дæр, цæмæй фидæны кусæндон уа санитарон домæнты аккаг (зæгъæм, ныртæккæ дзы сыгъдæггæнæн-канализацион ифтонггæрзтæ дæр нæй), – радзырдта Сергей Меняйло.

Центры ног бæстыхайы арæзтады рæстæгмæ æххуысхъуаг адæмæн пульмонологон лæггæдтæ кæндзысты фæсивæдон центр «Барс»-ы (уый дæр ис Фыййагдоны).

Республикæйы Сæргълæууæг сæрмагондæй æрлæууыд медицинон кусæндæттæ æмæ рынчынты льготон къордтæн хостæ æлхæныны хъуыддагыл. Регионы разамонæг Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта, цæмæй хъæугæ хостæ æлхæныны фæдыл базарадон процедурæтæ æххæстгонд цæуой рагагъоммæ. Уый фæрцы хъæугæ хостæ республикæмæ ласыны хъуыддаджы къуыхцытæ нæ уыдзæн.

Сæ хъысмæт æбæрæгæй нæ баззайдзæн

2025 азы Дзæуджыхъæуы байгом, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы хæстонты хъысмæт рабæрæг кæныны фарстатыл кусæг центр.

Уыцы структурæйы сæ хъарутæ æрбангом кодтой Цæгат Ирыстоны æфсæддон комиссарад æмæ бархион фæдагурæн къорд «Своих не бросаем»-ы минæвæрттæ. Уыдон сæ вазыгджын архайд æххæст кæнынц РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администраци, федералон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон хайад, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон дæлхайæдтæ æмæ æндæр профилон структурæтимæ æнгом æмгуыстады фæрцы.

– Сæвзæргæ уавæрты сæйрагдæр у, цæмæй æбæрæгæй сæфт хæстонты хъысмæты тыххæй рæстаг хабæрттæ хæццæ кæной сæ бинонтæ æмæ хиуæттæм. Ныронг ахæм архайдыл хæст уыдысты цалдæр хицæн къорды, фæлæ ныр уыцы вазыгджын куыст уыдзæн иу структурæйы бæрны, – бафиппайдта Сергей Меняйло.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here