Лæвæрттæ – рынчын сывæллæттæн

0
104

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджытæ радон хатт сарæзтой дзыллон хæрзаудæн акци «Коробка храбрости». Уыцы мадзалы зæрдиагæй архайдтой Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр.

Партийы хъæппæрисæй ацы мадзал ныр арæзт æрцыд дæсæм хатт. Йæ нысан у баузæлын æмæ зæрдæлхæнæн лæвæрттæ ракæнын, уæззау низты ахæсты чи бахауд æмæ дзæвгар рæстæг рынчындæтты чи æрвиты, уыцы сывæллæттæн.

Алы аз куыд вæййы, афтæ та ныр дæр «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады дзæуджыхъæуккаг æхсæнадон штабы фæстаг мæйы дæргъы зынгæ бынаты сæвæрдтой стыр къопп. Фæндон чи равдыста, уыцы адæмæй алкæмæндæр уыд уыцы къоппы лæвæрттæ нывæрæны фадат. Æмæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ спайда кодтой уыцы гæнæнæй. Хъазæнтæ æмæ æндæр хиирхæфсæнтæ, чингуытæ, альбомтæ, блокноттæ – сывæллæтты зæрдæтæ цы барухс кæна, ахæм дзаумæттæ бамбырд сты æхсæнадон штабы.

Æмæ ныр «Иугонд Уæрæсе»-йы цур кусæг иугонд «Æрыгон гварди»-йы уæнгтæ æмæ иннæ бархионтæ абалц кодтой Сывæллæтты республикон рынчындонмæ æмæ æппæт лæвæрттæ дæр байуæрстой медицинон кусæндоны чысыл пациенттыл…

 

Партийы уæнгтæ æмæ фарсхæцджытæ дарддæр дæр æххæст кæндзысты æндæр ахæм хæрзаудæн акцитæ. Уыимæ, партийы адæмон программæйы сæйрагдæр нысантимæ дæр нымад сты сывæллонджын бинонтæн æххуыс æмæ рæзгæ фæлтæры æнæниздзинадыл аудынады хъуыддæгтæ.

 

саНАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here